филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:01 воскресенье, 01 февраля 2026
07 сентября 2023, 12:47
Беслæны трагикон цауты 19 азы бон сбæрæг кодтой Мордовийы республикæйы сæйраг горæты

Мадзæлттæ баст уыдысты терроризмы ныхмæ иумæйаг тохы бонимæ

Беслæны трагикон цауты 19 азы бон сбæрæг кодтой Мордовийы республикæйы сæйраг горæты. Мадзæлттæ баст уыдысты терроризмы ныхмæ иумæйаг тохы бонимæ. «Сердце Беслана» – афтæ схуыдтой патриотон акци. Арæзт æрцыд Саранскы сæйраг фæзы. Мысæн акцийыл бакуыстой Уæрæсейы æфсæддон-историон æхсæнады Мордовийы регионалон хайады уæнгтæ æмæ республикæйы хицауады цур гуманитарон наукæты иртасæн институты кусджытæ. Огарев-аренæйы се ппæт дæр æрымысыдысты Беслæны 2004-æм азы теракты амæттæгты рухс нæмттæ. Саранскы, æхсæнад «Знание»-йы студийы та арæзт æрцыд фæсивæдон форум. Йæ темæ – «Экстремизмы ныхмæ тох у нæ иумæйаг хæс». Сæрмагонд проект  «Мордовия против террора» æххæст кæнгæйæ та Огаревы номыл Мордовийы паддзахадон университеты байгом кодтой номарæн фæйнæг ахуыргæнæндоны рауагъдонæн. Уый хъæбатырæй фæмард  сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы. Университеты студенттимæ фембæлдысты, Беслæны теракт не руадзыны сæрмагонд  операцийы архайджытæ. Се хсæн уыд Челæхсаты Тристан дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania