филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:57 понедельник, 15 декабря 2025
31 октября 2025, 10:33
Беслæны транспортон лæггæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый сбæрæг кæнын сфæнд кодта Закъаты Алан

Йæхи цæстæй федта адæм автовокзалæй Дзæуджыхъæумæ ацæуынæн цавæр транспортон фæрæзтæ равзарынц, стæй  цас рæстæг бахъæуы æнхъæлмæ кæсын, уый

Беслæны транспортон лæггæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый сбæрæг кæнын сфæнд кодта республикæйы профилон комитеты сæрдар Закъаты Алан. Йæхи цæстæй федта адæм автовокзалæй Дзæуджыхъæумæ ацæуынæн цавæр транспортон фæрæзтæ равзарынц, стæй  цас рæстæг бахъæуы æнхъæлмæ кæсын, уый. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Райсомы аст сахаты дæр кæд нæма у, уæддæр Беслæны автовокзалæн йæ куыст цæуы фæткмæ гæсгæ. Алы бон дæр ардыгæй Дзæуджыхъæумæ ахуырмæ æмæ куыстмæ араст вæййынц сæдæгай адæм. Транспортон лæггæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый йæхи цæстæй фенынмæ ардæм æрцыд республикæйы транспорты Комитеты сæрдар Закъаты Алан. Аныхас кодта шофыртимæ дæр æмæ адæмимæ дæр.

Комитеты сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй адæм арæх паддзахадон æнцонвадат автобустæ нæ равзарынц, фæлæ хæдбарæй транспортон лæггæдтæ чи æххæст кæны, уыцы шофырты чысыл автобустæ. Афтæ цæмæн у, уый сбæлвырд кæнын хъæуы, зæгъы Закъаты Алан.

Адæм сæхæдæг куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ фæстаг азты æхсæнадон транспорт сси æнцонвадатдæр. Зынгæ фæкъаддæр æнхъæлмæ кæсыны рæстæг дæр.

Ацы æркаст Беслæны у стыр системон куысты хай. Ахæм рейдтæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы дæр. Закъаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, республикæйы æхсæнадон транспортон лæггæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый хъæуы бæстон сбæрæг кæнын.

Системон куыст æмæ иумæйаг ныхас сты, Цæгат Ирыстоны æхсæнадон транспортон лæггæдтæ æххæст кæнын куыд саразын фæнд кæнынц, уый бындур.  Ахæм æркастытæ арæзт цæуынц рæстæгæй рæстæгмæ. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ хаст рæцæуынц уынаффæтæ. Сæйраг хæс у, республикæйы æхсæнадон транспорты куыст афтæ рацаразын, цæмæй адæмæн суа æнцонвадат.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania