Куыд рабæрæг, афтæмæй у Сырх чиныгмæ хаст хъæрццыгъайы хуызтæй иу
Беслæны цæрæг йæ кæрты ссардта цæф цъиу. Хъуыди йын баххуыс кæнын. Баликъоты Алан æм куыдфæндыйы цæстæй нæ ракаст, ссардта орнитологы. Куыд рабæрæг, афтæмæй у Сырх чиныгмæ хаст хъæрццыгъайы хуызтæй иу. Цæгат Ирыстоны нæ цæры. Ам вæййы æндæр бæстæтæм тæхгæйæ. Нæ республикæйыл цæуы йæ миграцион фæндаг. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Æххуысхъуаг цъиу у Сырх чиныгмæ хаст хъæрццыгъайы хуызтæй иу. Дыууæ боны размæ йæ Беслæны цæрæг Баликъоты Алан ссардта йæ кæрты.
Цъиу фервæзын кæнынмæ йе *ххуысы хай бахаста Национ парк «Алани»-йы кусæг, орнитолог Юрий Комаров. Уый 50 азы дæргъы ахуыр кæны Ирыстоны мæргъты дуне.
Ацы хъæрццыгъа у Уæрæсейы мæргъты стæм хуыз. У тугдзых. Хæры кæсаг. Юрий Комаровы фæдзæхстмæ гæсгæ Баликъоты Алан балхæдта кæсæгтæ. Тыджыты Георгийæн – аэропорт «Дзуджыхъæу»-ы орнитологæн Ирыстоны хъæрццыгъайы фæзынд фæхабар кодта Юрий Комаров. Георгий уайтагъд æрбаллæуыд Баликъоты Аланы фарсмæ. Уый хорз зоны ацы цъиуы миниуджытæ.
Æххуысхъуаг хъæддаг цъиуты чи ссары, уыцы адæм æдзухдæр бацагурынц Тыджыты Георгийы æмæ Юрий Комаровы. Æрæджы фервæзын кодтой бурхил кæсагласы.
Баликъоты Алан у кинолог. Цъиу кæм ссардта, уым дары куыйты æмæ гæдыты. Хъæрццыгъайы фервæзын кæныны мадзæлттæн ис хорз кæрон. Архайдтой йыл æртæ хæларзæрдæ адæймаджы.