28 декабря 2023, 11:34
Беслæны уæлæмхасæн ахуырады центр «Альтаир»-ы байгом Нарты кадджытимæ баст равдыст
Фенæн дзы ис Нарты кадджыты хъайтарты æрвылбоны фæрæзтæ, хотыхтæ, стæй Ацæмæз æмæ Агуындæйы, Нарты бæласы æмæ Балсæджы цалхы нывтæ
Беслæны уæлæмхасæн ахуырады центр «Альтаир»-ы байгом Нарты кадджытимæ баст равдыст «Нацийы хæзна». Фенæн дзы ис Нарты кадджыты хъайтарты æрвылбоны фæрæзтæ, хотыхтæ, стæй Ацæмæз æмæ Агуындæйы, Нарты бæласы æмæ Балсæджы цалхы нывтæ. Æдæппæтæй 40 куысты онг. Автортæ сты уæлæмхасæн ахуырады центр «Альтаир»-ы педагогтæ. Фидæны фæнд кæнынц экспозици фæуæрæхдæр кæнын, стæй равдыстимæ республикæйы районты æппæт скъолаты ахуырдзауты базонгæ кæнын.

темæмæ гæсгæ