Цалдæр хæдзары кæртытæ къæвдаты рæстæг донæй байдзаг вæййынц
Беслæны Уататы Бибойы уынджы цæрджытæн алы тыхджын къæвда дæр свæййы æцæг фæлварæн. Цалдæр хæдзары кæртытæ къæвдаты рæстæг донæй байдзаг вæййынц. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм уавæр сæвзæрд, фæндаджы рацарæзтмæ куы бавнæлдтой, уый фæстæ. Цæрджытæ курдиæттæ æрвыстой алы рæттæм. Ныр æххуысмæ фæсидтысты адæмон фронты минæвæрттæм. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Беслæны цæрæг Дудиаты Маринæйы кæрт къæвдаты рæстæг донæй дзаг кæны. Уырдыгæй бакæлы хæдзармæ, æмæ сæмбырд вæййы пъадвалы. Сылгоймаг куыд зæгъы, афтæмæй ахæм уавæр сæвзæрд уалдзæджы, фæндаджы рацарæзты куыстытæ куы райдыдтой, уый фæстæ. Йе мвæзад раздæрæй уæлдæр разынд, æмæ къæвдадæттæ ныр кæртмæ кæлынц. Маринæ куыд зæгъы, афтæмæй сыхæгтимæ Беслæны администрацимæ фыстæджытæ æрвыстой, ныр фæсидтысты адæмон фронты минæвæрттæм.
Уататы Бибойы уынджы фæндаг реконструкцигонд цæуы Беслæны райрæзты генералон пъланмæ гæсгæ. Фарон ам баивтой доны хæтæлтæ, ацы аз та бавнæлдтой асфальт æвæрынмæ. Цæрджытимæ фембæлынмæ адæмон фронты уæнгтимæ æрбацыдысты Рахизфарсы районы минæвæрттæ. Куыд загътой, афтæмæй ацы фарста у рæстæгмæ, реконструкци куы фæуа, уый фæстæ дон цæрджыты кæртытæм нал кæлдзæн.
Адæмон фронты минæвæрттæ ныридæгæн арвыстой курдиат Беслæны администрацимæ, цæмæй ногæй æркæсой проектмæ æмæ бынæттон цæрджыты фæндон хыгъд æрцæуа.
Фæндаджы рацарæзт хъуамæ фæуа фæззæджы. Бынæттон цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц, куыстытæ куы фæуой, уæд сæ фарста лыггонд кæй æрцæудзæн, ууыл.




