филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:20 среда, 17 декабря 2025
02 сентября 2024, 12:09
Бесланы райдыдта номарæн вахтæ, абон у йæ дыккаг бон

Фыццæгæмæй – æртыккæгæм сентябрьмæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ мысынц, 2004-æм азы 1-æгæм скъолайы теракты амæттæгты

20 азы рыст. Сæдæгай адæм… Бесланы знон райдыдта номарæн вахтæ. Абон у йæ дыккаг бон. Фыццæгæмæй – æртыккæгæм сентябрьмæ республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ мысынц, 2004-æм азы 1-æгæм скъолайы теракты амæттæгты. Сæумæрайсомæй адæм цæуынц фыццæгæм скъолайы кæртмæ, семæ хæссынц дон, дидинджытæ, судзынц цырæгътæ. Номарæн мадзæлттæ фæуыдзысты 3-æм сентябры мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæты». Арвмæ уаддзысты урс шартæ æмæ суддзысты 334 цырагъы. Уыйбæрцæй фæмардысты теракты. Се хсæн 186 сывæллоны. Куыд ацыд саударæн мадзæлтты фыццаг бон, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

9 сахаты æмæ 15 минуты… Беслæныл азæлыд скъолайы дзæнгæрæг – 20 азы размæ куыд уыд, афтæ. Фæлæ ныр, амынæтæй чи фервæзт, уыцы раздæры скъоладзаутæ хæссынц се мкъласонты хуызистытæ. Адæймагмæ афтæ кæсы, æмæ сын кæрон дæр нæй. Сæдæгай мыггæгтæ, æмæ æнустæм хуызистыты чи баззад, ахæм худындзаст цæсгæмттæ. Фæсивæды урс футболкæтыл зæдты нывтæ. Ныр уый у Беслæны трагедийы символ.

Спортивон залмæ адæм цæуынц æнæрлæугæйæ. Астæуæй дзы цы дзуар ис, уый алыварс мингай гвоздикæтæ, судзынц мыдадзын цырæгътæ. Æрбацæуджыты цæстытæ кæуындзаст, сусæгæй æргомæй цæссыг кæлы. Вице-премьер Платы Альбинæ епархийæн радта Сыгъдæг Вифлеемаг ноггуырдты иконæ. Бæстæйы Президент Владимир Путин æй сласта республикæмæ йæ кусæг балцы рæстæг. Сæрмагонд литургийæ скодта Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасим.

Беслæн ацы хъыггæнæн бонты чи бабæрæг кодта, уыдоны хсæн фæсарæйнаг делегацитæ æмæ Уæрæсейы алы къуымтæй делегацитæ. Се хсæн æртæ боны æнæ дон æмæ æнæ хæринагæй спортивон залы чи арвыста, уыцы сывæллæтты æмгар рæзгæ фæлтæр.

Спортзалы алыварс æнæхъæн галерейæ – чи фæмарди уыдоны хуызистытæ. Ульяновæй нывгæнæг Михаил Чернов куыста ацы цикл саразыныл. Ацы темæ йæ зæрдæйæ æппындæр нæ хицæн кодта, куыста йыл æнæрлæугæйæ. Æрмдæсны йæ хæсыл банымадта, ахæм хуызы æдзард сабиты ном ссарын.

Беслæнмæ дардæй чи ссыди, уыдонимæ ис ацы гыццыл горæтæн æппæтæй зынаргъдæр ын царды цы уыди, уый чи радта, ахæмтæ дæр. Валентинæ Разумовская – Уæрæсейы хъæбатыр Дмитрийы ныййарæг. Дæлбулкъон Разумовский хъæбатырæй фæмард сывæллæтты ирвæзынгæнгæйæ. Уæдæй нырмæ йæ мад Беслæнмæ иу æмæ дыууæ хатты не ссыд.

Монумент «Æгомыг хъæр» Сан-Маринойы æвæрд æрцыди 2006-æм азы. Ныр скульптурæйы къопи фæзынд Беслæны 1-æм скъолайы кæрты дæр. Автор – Италийы цæрæг Ренцо Венди йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ ссыди трагедийы бынатмæ. Йемæ ссыдысты Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты минæвар Италийы Мауро Мурджа æмæ флейтисткæ Моника Моррони.

20 азы размæ 1-æм сентябры бæрæгбон сси саударæн æмæ хъыггæнæн бон. Стыр уаргъ кæуыл æрынцад, уыцы сабитæ схъомыл сты æмæ ныр зæрдылдарæн эстафетæ дæттынц дарддæр. Æмæ нæ бон æндæр дæр ницы у, æрмæстдæр зæрдылдарын… Æртæ боны дæргъы скъолайы кæрты суддзысты мыдадзын цырæгътæ… Мысдзысты 334 номы… Ацы традици æххæстгонд цæуы ныр 20 азы. 20 азы адæм сæ зæрдæйы арфы дарынц трагедийы амæттæгты рухс ном, уымæн æмæ уымæн ферохгæнæн нæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania