филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:10 среда, 17 декабря 2025
30 января 2014, 11:09
«Бинонты фидæн. 21-æм æнусы бинонтæ». Ацы темæйыл ныхас цыд парти «Иугонд Уæрæсейы» регионалон æххæсгæнæн комитеты

Æмбырды архайдтой республикæйы Парламенты депутаттæ, фæллойы æмæ социалон рæзты министрады, «Иугонд Уæрæсейы» регионалон хайады политсоветы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

«Бинонты фидæн. 21-æм æнусы бинонтæ». Ацы темæйыл ныхас цыд парти «Иугонд Уæрæсейы» регионалон æххæсгæнæн комитеты
Æмбырды архайдтой республикæйы Парламенты депутаттæ, фæллойы æмæ социалон рæзты министрады, «Иугонд Уæрæсейы» регионалон хайады политсоветы æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Ныхас цыд парти «Иугонд Уæрæсейы» проект «Фидар бинонты» тыххæй, стæй паддзахад бинонтæн цавæр æххуыс кæны, ууыл. Фæллойы æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Гаситы Жаннæ куыд радзырдта, афтæмæй ведомствойы цæуы стыр прафилактикон куыст социалон сидзæрты фарстатыл. Министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2013-æм азы кæронмæ, сидзæрты æмæ, æнæ ныййарджытæй чи хъомыл кæны, ахæм сывæллæтты нымæц раздæримæ абаргæйæ фæкъаддæр æртæ хатты, сты 150 сывæллонæй фылдæр.
Хъæстуаты Руслан, парти «Иугонд Уæрæсейы» цæгатирыстойнаг хайады æххæстгæнæн комитеты разамонæг: «Партийы фаццаг нысан у – æрыгон бинонтæн æххуыс кæнын. Уымæн æмæ уæд сибитæ дæр рæзынц, куыст дæр куыд уа æрыгæттæн, рæвдауæндæттæ куыд уа, скъоламæ рæсугъдæй куыд цæуой. Сæ бон дарын куыд уа сывæллæтты, æмæ нæ партийы проект дæр ууыл конд у».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania