Ацы ахсджиаг темæйыл дæр йе рвылазон ныстуаны бæстон æрлæууыд Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битраты Вячеслав.
Спъиртуадзæн завод «Фаюр-Союз» ныр 10 азы нæ кусы. Пайда дзы кæнынц æрмæстдæр хордоны иу хайæ. Цæуы дзы 30 мин тоннæйы. Цæмæй завод ногæй скуса, уый тыххæй хъæуы лицензи. Уый фæдыл разамынд карзнозтмæ цæстдарды управленимæ курдиат цалдæр хатты балæвæрдта, фæлæ дзæгъæлы. Афтæмæй æгуыстæй баззадысты 250 адæймаджы. Ахæм уавæры æрмæст «Фаюр-Союз» нæу. Республикæйы 25 спъиртуадзæн заводæй кусыны бар ис æрмæстдæр 8-æн. Цæмæй заводтæ дзæгъæл лæуд ма кæной, уый тыххæй фæнд кæнынц райдайын моторон артаг -биоэтанол уадзын.
Биоэтанол дунейы у хъуыстгонд, æфтауынц æй бензинмæ. Бразилийы дзы пайда кæнынц 50 азы. Се ргом æм аздæхтой Америкæйы Иугонд штаттæ дæр. Биоэтанол экологийæн зиан нæ хæссы, бензин æмæ дизелон артагмæ æфтыд куы рцæуы, уæд та сæрмагонд кусæнгарз хуыздæр кусы. Ныр Фаюр-Союз æмæ иннæ заводтæ æнхъæлмæ кæсынц, цæмæй закъоны проект фидаргонд æрцæуа.
Биоэтанол Уæрæсейы фыццаг уадзын райдыдтой Дзæуджыхъæуы куыстуат «Миранда»-йы. Сæ артаджы станцæ дæр нæ бæстæйы у фыццаг, ацы хъацæн кæм райдыдтой æфтауын. Фæлæ Уæрæсейы сæрмагонд закъоны проект фидаргонд кæй нæма æрцыд, уымæ гæсгæ ам дæр биоэтанол уадзæн цех сæхгæдтой.
Артаджы станцæты ныр нал хъæудзæн спъирты зилдухмæ цæстдарæг оргæнтимæ уæлæмхасæн куыст кæнын. Ног закъоны проект юридикон æгъдауæй биоэтанол фидар кæны Уæрæсейы. Ныр уый хуымæтæг спъирт нал уыдзæн. Биоэтанол хойрагмæ нæ хауы, æмæ йæ рауадзыны хъуыддаг дæр кæны хицæн. Уыимæ ахъаз уыдзæн социалон-экономикон райрæзтæн.
Паддзахадон Думæйы депутаттæ закъоны фарс куы рахæцой, уæд йæ тыхы бацæудзæн афæдзы фæстæ. Биоэтанол уадзын цы заводы райдайой, уыдонæн та хойраджы спъирт уадзыны бар лæвæрд нал цæудзæн.




