филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:14 вторник, 16 декабря 2025
19 апреля 2018, 12:28
Бирæ азты трассæ цы бæлæстæй фидыдта, уыдон цæуынц калд

Ахæм уынаффæ хуымæтæджы хаст не рцыд.

Бирæ азты трассæ цы бæлæстæй фидыдта, уыдон цæуынц калд

Бирæ азты трассæ цы бæлæстæй фидыдта, уыдон цæуынц калд. Ахæм уынаффæ
хуымæтæджы хаст не рцыд. Гæды бæлæстыл цæуы 70-80 азы, æмæ тæссаг сты афæлдæхынæй.
Стæй æххæстгонд не рцыд нормæ. Хъуамæ фæндаг
æмæ бæлæсты хсæн æппынкъаддæр уыдаид 30 метры. Хæстæг сагъд кæй сты, уымæ гæсгæ
та сыл машинæтæ дæр арæх сæхи бахæссынц,
æмæ æрцæуы фæндаггон фыдбылыз. Ахæм цаутыл дзурæг сты фæндадджы былгæрæтты цы
ингæнтæ ис, уыдон. Æрмæст Архонкæйæ Фарныхъæумæ уаццагыл сты 4. Ацы бонты дзы
кусынц æнæххæстбарджын æхсæнад «ИрДорстрой»-йы специалисттæ. 6
километры уаццагыл акалдтой 500 гæды бæласы. Уыимæ техникæйæн йæ бон сисын цы
уидæгтæ нæ уыд, уыдон æмбырд кæнынц къухæй. Фæндаджы аивдзинад хæлд нæ цæуы,
былгæрæттæ лæгъз кæнынц æмæ дзы садзынц
кæрдæг. Куыстуаты директор Дзодзиаты Анатолий куыд радзырдта, афтæмæй ахæм
куыст кæндзысты фæззæджы дæр Архонкæйæ Джызæлмæ æмæ Дзуарыхъæумæ фæндæгтыл дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania