филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:22 вторник, 16 декабря 2025
15 апреля 2014, 18:12
Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы фарстатыл ныхас

Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы фарстатыл бæстон ныхас цыд арæзтады, энергетикæйы æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады æмбырды.

Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы фарстатыл ныхас
Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы фарстатыл бæстон ныхас цыд арæзтады, энергетикæйы æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады æмбырды.

Амыдта йæ министры хæдивæг Бызыккаты Батрадз. Архайдтой дзы министрады специалисттæ, цæрæнуæтты хицæутты æмбалæдты, разамынддæттæг компаниты сæргълæуджытæ. Федералон закъон куыд амоны, афтæмæй цæрджытæ хъуамæ æмбырд кæной æхца сæ хæдзæртты бындурон цалцæгæн. Нæ республикæйы куыд банымадтой, афтæмæй тариф у 6,5 сомы иу квадратон метрæй. Уыцы æхца æмбырд кæнынæн адæм хъуамæ сæхæдæг равзарой: стыр банчы байгом кæнæн ис хицæн хæдзарæн сæрмагонд хыгъд, кæнæ та æхца дæттæн ис бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы республикон фондмæ. Сæрмагонд программæйы бæрæггонд у, цалцæг кæнын кæцы хæдзар хъæуы, уый. Ацы хъуыддаджы адæмы бартæ хъахъхъæнынæн кусы æхсæнадон цæстдарды регионалон центр, уырдæм уыдзæн хъаст бахæссæн. Хæстæгдæр рæстæг арæзтады, энергетикæйы æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады, бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы республикон фонды минæвæрттæ фембæлдтытæ нысан кæнынц саразын бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытимæ, цæмæй сын бамбарын кæной бындурон цалцæджы домæнтæ, фыццаджыдæр, адæмæн се ‘хца хъахъхъæд кæй сты, уый.

Цæрæкты Вадим, РЦИ-Аланийы бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы республикон Фонды генералон директор: «Ацы фонд бирæ регионты ис, æнтыстджынæй кусы. Паддзахад бацархайдта, цæмæй адæмæн сæ фæрæзтæ уой хъахъхъæд æмæ цæуой æрмæстдæр цалцæггæнæн мадзæлттæн. Махæн та нæ мызд æмæ иннæ хæрдзтæн æхца дихгонд цæуынц республикон бюджетæй. Адæм хъуамæ сæхæдæг равзарой, мах фондимæ кусой, æви банчы хицæн хыгъд байгом кæной бындурон цалцæг кæныны фарстатæн».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania