20 мая 2014, 17:26
Бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ ныр сæхæдæг хæсдзысты уынаффæ, бындурон цалцæджы фондæй куыд пайда кæндзысты, уый тыххæй
Ацы фарстайыл абон ныхас кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы æмбырды. Амыдтой йæ Цæгат Ирыстоны арæзтады, энергетикæйы æмæ коммуналон хæдзарады министрады специалисттæ.

Ацы фарстайыл абон ныхас кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы æмбырды. Амыдтой йæ Цæгат Ирыстоны арæзтады, энергетикæйы æмæ коммуналон хæдзарады министрады специалисттæ. Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуы администрацийы, цæрджыты æмбаладты, разамынддæттæг компаниты минæвæрттæ.
Ныхас кодтой, бирæуæладзыгон хæдзæртты бындурон цалцæг куыд кæнгæ у, ууыл. Ног закъонмæ гæсгæ Уæрæсейы субъектты байгом кодтой «Фонда капитального ремонта общего имущества многоквартирных домов». «Бирæфатерон хæдзæртты иумæйаг исбоны бындурон цалцæджы фонд»-ы регионалон операторты. Уыдон æмбырд кæндзысты фæрæзтæ хæдзæртты бындурон цалцæгæн. Уыимæ фонды бюджет арæзт цæудзæн цæрджыты фиддæонтæй, æмæ регионалон бюджетæй цы хца радих кæной, уыдонæй. Цæрджыты фиддонты æппынкъаддæр бæрц та сбæрæг кæндзæн арæзтады министрад.

темæмæ гæсгæ