филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:02 суббота, 04 мая 2024
09 апреля 2013, 17:03
Бирæтæ æвдисæн уыдысты, Дзæуджыхъæуы трамвайтæ кæй нæ цыдысты, уымæн

Дзæуджыхъæуы трамвайты депойæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй йæ аххосаг – сæйраг электрон дæлстанцæ хъыгдард кæй баййæфта, уый.

Сихормæ 26 вагонæй маршруттæм рацыдысты 15.

Абон бирæтæ æвдисæн уыдысты, Дзæуджыхъæуы трамвайтæ кæй нæ цыдысты, уымæн.
 
Дзæуджыхъæуы трамвайты депойæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй йæ аххосаг – сæйраг электрон дæлстанцæ хъыгдард кæй баййæфта, уый.

Сихормæ 26 вагонæй маршруттæм рацыдысты 15.
Куыстуат «Владэлектротранс»-ы директор Дедегкаты Оледжы ныхæстæм гæсгæ, дæлстанцæтæ иууылдæр кæй асастысты, уымæ гæсгæ 4 боны зын цæуæн у Николаевы уынгæй Чапаевы уынджы онг.

Фæлæ хæстæгдæр рæстæг вагæттæ иууылдæр рацæудзысты æмæ цæрджытæн сæ бон уыдзæн трамвайтæй æнæкъуылымпыйæ пайда кæнын.

Боллоты Виктор, куыстуат «Владэлектротранс»-ы трамвайон депойы хицау: «Нæ дæлстанцæйыл 20 азæй фылдæр цæуы. Базæронд сты кабельтæ, кусæнгæрзтæ, ивæн хæйттæ. Стæй фаг дæр нæ кæнынц. 3 дæлстанцæйы иумæ асастысты. Дыууæ дзы цалцæг кæнæм. Иу скодтам æмæ трамвайтæ рацыдысты. Гæнæн æмæ амал куыд уа, афтæ архайдзыстæм, цæмæй трамвайтæй чи пайда кæны, уыдон ма тыхсой, уый тыххæй».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania