филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:52 среда, 17 декабря 2025
18 июня 2014, 17:18
Бирæуæладзыгон хæдзæрттæ дарддæр кæндзысты бындуронæй цалцæг

Хæдзæртты бындурон цалцæджы программæ республикæйы куыд æххæстгонд цæудзæн, ууыл абон ныхас кодтой хицауады хæдзары пресс-конференцийы. Журналистты фæрстытæн дзуапп лæвæрдтой Цæгат Ирыстоны бирæуæладзыгон хæдзæртты бындурон цалцæджы фонды генералон директор Цæрæкты Вадим

73062
Хæдзæртты бындурон цалцæджы программæ республикæйы куыд æххæстгонд цæудзæн, ууыл абон ныхас кодтой хицауады хæдзары пресс-конференцийы. Журналистты фæрстытæн дзуапп лæвæрдтой Цæгат Ирыстоны бирæуæладзыгон хæдзæртты бындурон цалцæджы фонды генералон директор Цæрæкты Вадим, республикæйы цæрæн хæдзæртты цæрджыты æмбалæдты ассоциацийы сæргълæууæг Рæмонты Руслан. Æмбырдмæ ма æрбацыдысты цæрæн-коммуналон хæдзарады куыстмæ æхсæнадон цæстдарды центры разамонæг Александр Купцов æмæ «Цæгат Ирыстоны цæрæн-коммуналон центр»-ы хицау Бититы Роман. Организацитæн разамынддæттæг куыстуæтты хицæуттæ куыд загътой, афтæмæй фæстаг 6 азмæ УФ-йы цæрæн-коммуналон хæдзарады рацарæзты фонды 7 республикæон программæйы нымад æрцыдысты хорзыл æмæ сын хæдзæртты бындурон цалцæгæн радих кодтой æхца. Программæ сæххæст кæнынæн схардз кодтой 1,5 миллиард сомæй фылдæр. Уыдонæй сцалцæг кодтой 600 бирæуæладзыгон хæдзары. Цæрæкты Вадим куыд загъта, афтæмæй ацы куыст кæндзысты дарддæр дæр. Сæрмагондæй та ацы хъуыддæгты хаудзысты, разамынд кæмæн дæтты, уыцы куыстуат – «Цæгат Ирыстоны бирæуæладзыгон хæдзæртты бындурон цалцæджы фонд». 
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania