филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:59 вторник, 19 августа 2025
28 мая 2014, 11:07
Бирæвæрсыг центры амæй фæстæмæ исæн уыдзæн 6 лæггады

Пенсион фонды лæггæдтæй ныр пайда кæнæн ис бирæвæрсыг центры дæр. Афæдзы райдайæн дыууæ куыстуаты бафыстой бадзырд. Фыццаг центры райсæн уыд æрмæст 5 лæггады.

Бирæвæрсыг центры амæй фæстæмæ исæн уыдзæн 6 лæггады
Пенсион фонды лæггæдтæй ныр пайда кæнæн ис бирæвæрсыг центры дæр. Афæдзы райдайæн дыууæ куыстуаты бафыстой бадзырд. Фыццаг центры райсæн уыд æрмæст 5 лæггады. Ныр та ма сыл бафтыд ноджыдæр иу – социалон пакетæй пайда кæнын.
Тедеты Моисей у дыккаг къæпхæны инвалид. Уый тыххæй исы социалон æххуыс паддзахадæй – хостæ, саноторимæ путевкæ, стæй фæндаггаг. Ныр нæлгоймаджы уыдоны бæсты фæнды æхца исын, æмæ йын закъонмæ гæсгæ ахæм бар ис. Уый тыххæй Пенсион фонды бæсты Тедеты Моисей æрбацыд бирæвæрсыг центрмæ æмæ йæ хъуыддаг цыбыр рæстæгмæ сæххæст кодта.

Тедеты Моисей, песиисæг: «Паспорт æмæ страховой     свидетельство мæ ракуырдтой, æмæ мæ мын мæ документтæ скодтой цыбыр рæстæгмæ æмæ сын уый тыххæй бузныг, сæ цæрæнбон бирæ уæд».

Тедеты Моисейы бахъуыд æрмæст курдиат ныффыссын æмæ хъæугæ документтæ бадæттын. Афтæ æнцонæй æмæ цыбыр рæстæгмæ бирæвæрсыг центры бакæнæн ис бирæ хъуыддæгтæ.

Бирæвæрсыг центр цы лæггæдтæ кæны, уыдон сты 68. Æппæтæй арæхдæр адæм пайда кæнынц Росреестры, миграцион службæйы æмæ адæмы социалон хъахъхъæнынады лæггæдтæй. Ныр се хсæн фæзындысты пенсион фонды цавæрдæр лæггæдтæй дæр».
Ацы хъуыддаг арæзт æрцыд адæмы æнцойдзинадæн. Уæлдайдæр та бирæвæрсыг центрмæ хæстæг чи цæры, уыдонæн. Уыимæ ма ам уыцы иу хаттæн бакæнæн ис æндæр хъуыддæгтæ дæр.

Быгъуылты Земфирæ, Уæрæсейы пенсион фонды цæгатирыстойнаг хайады пресс-службæйы специалист: «Пенсион фонд бадзырд бафыста бирæвæрсыг центримæ. Ныр амæй фæстæмæ адæймагæн йæ бон у бацæуын центрмæ, æмæ йæм цы фарстатæ ис, уыдонæн дзуапп райсдзæн, йæ хъуыддæгтæ йын скæндзысты. Афтæмæй адæфмаг рæстæг къаддæр хардз кæны. Уæдæ мах кусджытæн дæр у æнцондæр. Ныртæккæ уал 6 лæггады йедтæмæ не сты, центры бакæнæн кæй ис, фæлæ фидæны уыдзысты 18 лæггады бæрц».

Ныртæккæ уал ацы хъуыддаг ис æрмæстдæр Дзæуджыхъæуы. Фæлæ дыууæ куыстуаты дæр зæрдæ бавæрдтой, хæстæгдæр рæстæг республикæйы районты кæй фæзындзæн, уымæй.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania