филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:23 суббота, 28 сентября 2024
03 августа 2021, 12:31
Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæгæн фиддонтæ бæрæг дарынц хъуыддагыл

Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм Дзæуджыхъæуы цалдæр хæдзары

Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæгæн фиддонтæ бæрæг дарынц хъуыддагыл. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм Дзæуджыхъæуы цалдæр хæдзары. Сæ иуы бæстон базылдысты пъадвалмæ. Иннæ та æххæстæй дæр æрцыд бындурон цалцæггонд. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц, цæрджытæ регионалон операторы хыгъдмæ цы æхцатæ æрвитынц, уыдонæй. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Ацы пъадвалæй тынг сæрыстыр сты хæдзары хицæутты æмбалад «Владикавказская 43»- ы кусджытæ. Æмбалады сæрдар куыд зæгъы, афтæмæй цæрджытæ æдзухдæр хъæстмæ цыдысты регионалон оператормæ. Ацы хæдзар домдта æвæстиаты цалцæг. Дондзæуæн хæтæлтæ баивынæй уæлдай æркæсинаг уыдысты электрон телтæ дæр. Системæ ныззаууат æмæ хъыгдæрдта цæрджыты. Æмбалады сæрдар Бырнацты Розæ куыд загъта, афтæмæй иу фатерты æхсæн телтæ электрон тыхæй раст батадысты.

Подрядон куыстуат баивта дондзæуæнтæ, подъездтæм бауагъта рухс, стæй баивта уынджы рухсгæнæнтæ. Бындурон цалцæджы райдиан цæрджытæ сæхи тыхтæй баивтой хæдзары сæр, подъезды рудзгуытæ, сæвæрдтой къæйдуртæ æмæ саив кодтой алыварс территори. Кусджытæ архайдтой иу мæйы дæргъы. Фæлæ куыд иннæ хæдзæртты, афтæ ацы бирæуæладзыгоны цæрджыты дæр нæ фæндыдис бындурон цалцæджы лæггадæн фидын.

Ирыстойнаг уынджы 14 Б хæдзар дæр бындурон цалцæг æрцыд. Сарæзтой йæ 1963 азы. Инженерон хызтæ нал бæззыдысты, пъадвалы хæтæлтæй хъардта дон, уæдæ хæдзары сæр та бынтон ныззаууат.

Ацы хæдзары пъадвал æрæхгæдтой хæдзарон скълæдтæй. Уый тыххæй хæтæлтæ афтæ æнцонæй нæ сæвæрдзынæ. Подрядон компани йæхи хардзæй æрæхгæдта пъадвалы сæр, стæй хæдзæрттæм бацæуæнтæ. Фæстæдæр та кæрты сæвæрдзæн рухсгæнæнтæ. Къорд азты дæргъы нæ республикæ æвдыста æппæты æвзæрдæр бæрæггæнæнтæ бындурон цалцæгæн фиддонты. Фæлæ фæстаг рæстæг уавæр хуыздæрырдæм аивта — зæгъынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрады. Фиддонты бæрц схæццæ фæндзай процентмæ. Цæрджытæ уавæр æмбарынц æмæ зæрдиагдæрæй фидынц бындурон цалцæгæн. Хъуыдыйаг у уый дæр, æмæ арæх рацарæзт фæдомынц, æрæджы кæй сарæзтой, ахæм бирæуæладзыгон хæдзæрттæ дæр. Бындурон цалцæг кæнынц, цæрджытæ регионалон операторы хыгъдмæ цы æхцатæ æрвитынц, уыдонæй. Иуæй иу адæмæн та закъонмæ гæсгæ æмбæлы компенсаци.

Бындурон цалцæджы æмгъуыд ахæссæн ис. Цæрджыты бон у бацархайын, цæмæй сын æй фæхæстæгдæр кæной. Уый тыххæй хъæуы бацагурын сæрмагонд къамисы æххуыс. Уымæй уæлдай хъæуы бацæттæ кæнын цæрæнуæттæм цæстдарды техникон æркасты акт æмæ æвдисæндар, бындурон цалцæгæн фиддонтæн се стай проценты кæй бафыстой, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania