филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:31 суббота, 31 января 2026
18 мая 2021, 14:58
Бирæгъзæнджы скъоладзаутæ фембæлд социалон хызты райрæзты специалист Гæбуты Аланимæ

Рæзгæ фæлтæр базыдтой нырыккон маркетолоджы куыст цæмæй аразгæ у, уый

Социалон хызты рæстæг пайдаимæ æрвитын, бренд райрæзын кæныны мадзæлттæ интернеты, стæй цы у нырыккон SMM специалисты дæсныйад. Уый тыххæй Бирæгъзæнджы скъоладзаутæн радзырдта социалон хызты райрæзты специалист Гæбуты Алан. Гом урок ацыди 9-æй 11-æм кълæсты онг ахуырдзаутæн. Рæзгæ фæлтæр базыдтой нырыккон маркетолоджы куыст цæмæй аразгæ у, уый. Мадзал бацæттæ кодта Алагиры районы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет. Раззагдæр специалист Хадыхъаты Виктория куыд зæгъта, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ ахуырдзаутæн æххуыс кæнынц фидæны дæсныйад равзарынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania