филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:14 воскресенье, 01 февраля 2026
01 августа 2019, 17:10
Бирæсывæллонджын бинонтæн æххуыс

Хæрзаудæн æхсæнæдтæ баиу кодтой сæ тыхтæ, цæмæй бабæрæг кæной, æххуысхъуаг чи у, уыцы адæмы, уыимæ ма сæм фæкастысты хойрагæй дæр.

Бирæсывæллонджын бинонтæн æххуыс. Хæрзаудæн æхсæнæдтæ баиу кодтой сæ тыхтæ, цæмæй бабæрæг кæной, æххуысхъуаг чи у, уыцы адæмы, уыимæ ма сæм фæкастысты хойрагæй дæр. Бабæрæг кодтой цалдæр бинонты æмæ бынаты раиртæстой, скъоламæ цæттæгæнæн хъуыддаджы сын цæмæй баххуыс кæнын хъæуы, уый.

Роман Якушин æмæ йæ бинойнагæн ис æхсæз сывæллоны. Ныййарджытæ сæ хъæбулты нымайынц стыр амондыл, фæлæ сæ авналæнтæ цыбыр кæй сты, уый сын сæ цин хъулон кæны.

Ацы стыр бинонтæн æрбаластой, æнæмæнг чи хъæуы, уыцы продукттæ, сывæллæттæн та адджинæгтæ æмæ хуызджын чингуытæ. Уæрæсейы бирæсывæллонджын бинонты иугонды хайадимæ ма сын лæвæрттæ æрбаластой иннæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ.

Къудухты Фатимæ у бирæсывæллонджын мад. Йæ кæстæртæ йын æххуыс кæнынц цæхæрадонмæ зилынмæ. Куыд Якушинтæн, афтæ Къудухты бинонтæн дæр сæ цæхæрадон у сæ дарæг æмæ ирвæзынгæнæг. Уый фæрцы сæ бон у фæстауæрц кæнын. Фатимæ йæ цыппар сывæллоны схъомыл кодта арæзтадон вагоны. Фæстæдæр æм самадтой сæрдыгон чысыл агъуыст. Уый руаджы сæрды бинонтæн вæййы базмæлæн бынат.

Æхсæнадон организациты минæвæрттæ ацы бонты бабæрæг кæндзысты фæндзай бинонтæ республикæйы алы районты.

Æдæппæтæй Уæрæсейы бирæсывæллонджын бинонты æхсæнады регионалон хайады бæрны сты æртæ мин бинонтæ. Цæмæй сæ размæ æвæрд нысантæ æнтыстджынæй æххæст кæной, уый тыххæй сын æххуыс кæнынц куыд амалхъом, афтæ хуымæтæг адæм дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania