филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:15 суббота, 28 сентября 2024
13 января 2021, 11:49
Бирæсывæллонджын Цомартаты бинонты фатеры Ног азы бæрæгбоны агъоммæ æрцыд зынгсирвæзт

Активон æхсæнадон архайджытæ сидынц куыд бæрнон, афтæ хуымæтæг зæрдæхæлар адæммæ, цæмæй та радон хатт баиу уой, æмæ равдисой ирондзинады хуыздæр миниуджытæ

Ног азы бæрæгбоны къæсæрыл дзæуджыхъæуккаг Цомартаты бирæсывæллонджын бинонтæм æрбахоста фыдбылыз – хъыгдард баййæфтой зынгсирвæзтæй. Сæ цæрæнуат сног кæнынæн хъæуынц фæрæзтæ, уыимæ – чысыл нæ. Бинонтæм уыйбæрц æхца нæй. Уымæ гæсгæ активон æхсæнадон архайджытæ сидынц куыд бæрнон, афтæ хуымæтæг зæрдæхæлар адæммæ, цæмæй та радон хатт баиу уой, æмæ равдисой ирондзинады хуыздæр миниуджытæ.

Бирæсывæллонджын Цомартаты бинонты фатеры Ног азы бæрæгбоны агъоммæ æрцыд зынгсирвæзт. Ацы фыдбылыз сæм æрбахоста, бинонты хистæры æфсымæр йæ цардæй куы ахицæн, уый хæдфæстæ. Йæ цот цæмæй сидзæртæй ма хъомыл кæной, уый тыххæй сæ хъомыл кæнынмæ райстой йе фсымæры бинонтæ. Æмæ та ногæй ахæм фыдбылыз. Сæхи хъарутæй сын цæрæнуат сцалцæг кæнын не нтысы. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, афтæмæй дуне хæларзæрдæ адæмæй хъæздыг у. Цомартатæм се ххуысы къух бирæтæ бадардтой. Сæ рæстæг æмæ сæ тыхыл нæ ауæрдгæйæ æрбалæууыдысты сæ фарсмæ.

Зынгсирвæзт куы рцыд, уæд ыл архайдтой хи хъарутæй ахуыссын кæныныл, кодтой алцыдæр, ахæм уавæрты цы фæкæнынц, уымæй. Ныр дæр ма уæтты банкъарæн ис сыгъды тæф. Ныртæккæ уал Цомартаты суазæг кодтой сæ хæстæджытæ.

Хæдзар сног кæнынæн хъæуынц фæрæзтæ, уыимæ – чысыл нæ. Бинонтæм уыйбæрц æхца нæй. Уымæ гæсгæ активон æхсæнадон архайджытæ сидынц куыд бæрнон, афтæ хуымæтæг зæрдæхæлар адæммæ, цæмæй та радон хатт равдисой, ирон адæм кæддæриддæр цæмæй ныфсджын уыдысты, уыцы хуыздæр миниуджытæ. Цæмæй Цомартаты бирæсывæллонджын бинонтæ ногæй баууæндой, цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр ахизæн кæй ис, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania