Фервæзын кодтой бæх Пандорæйы
Бирæтæ сæ къухтæ цы уавæры *руагътаиккой, уым бархион Плиты Маринæ æмæ фермер Хъесаты Нокар нæ фæтарстысты. Фервæзын кодтой бæх Пандорæйы. Ссардтой йæ уæззау цæфтæй. Марг ын раттын, цæмæй йæ хъизæмарæй фервæза, сæ зæрдæтæ нæ бакуымдтой. Ныртæккæ бæхы удæн тæссаг нал у, фæлæ цæмæй раздæры хуызæн рæвдз уа, уый тыххæй йын хъæуы операци скæнын. Цæрæгойы ирвæзынгæнджытæ адæймаджы хуыздæр миниуджытæ кæй равдыстой, уый тыххæй радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Бæх Пандорæйæн фæзынд хæдзар, уарзæгой хицау, æххæст у арæхстджын зылдæй. 3 мæйы размæ та йæ адæм цæфтæй Дзæуджыхъæуы кæрон ссардтой. Уæд бирæтæ фæдзæхстой цæрæгойæн марг раттын, цæмæй йæ хъизæмæрттæй фервæза. Бархион Плиты Маринæ цалдæр азы дæргъы æххуыс кæны цæрæгойтæн. Фидарæй сфæнд кодта Пандорæйы фервæзын кæнын.
Фермер Сырх-Дыгурæй Къесаты Нокар дары стурвос, ис æм бæхтæ дæр. Ныртæккæ Пандорæ цæры уымæ. Цæрæгойæн саст уыдыдсты йæ фæрсчытæ æмæ йæ къæхтæ. Уымæ гæсгæ скодтой хатдзæг, машинæйæ скъуырда, зæгъгæ.
Нокар Маринæимæ архайынц Пандорæйы сдзæбæх кæныныл. Бæхæн кæнынц алыхуызон хостæ. Цæрæгой райдыдта адæмыл æууæндын. Балымæн Хабиб æмæ Ясминæимæ – ныр æдзух сты иумæ.
Пандорæйы сдзæбæх кæнын бантыст адæмы æххуысæй. Йæ рæсыдтытæ сабыргай æрбадтысты, фæлæ йæ къах раст нæ байгас – хъæуы йын операци скæнын.
Плиты Маринæ, Къесаты Нокар æмæ Пандорæйæн чи баххуыс кодта, уыцы адæмы руаджы аирвæзт бæх. Ныр хъуыддаг ахæццæ кæнын хъæуы кæронмæ – сдзæбæх кæнын Пандорæйы, цæмæй йæ хæлæрттимæ цæрдæгæй змæла. Стыр цæрæгой аирвæзын кæныны стыр хъуыддагæн ис сæрмагонд нысаниуæг адæмы царды.




