филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:44 вторник, 17 марта 2026
18 февраля 2026, 10:32
Бисерæй быйыны æрмдæсны Чехойты Вергине йе сфæлдыстадæй дисы æфтауы

Лыстæг фæдргуытæй аразы æнæхъæн композицитæ, сты æцæг дидинджыты бастыты хуызæн

Бисерæй быйыны æрмдæсны Чехойты Вергине йе сфæлдыстадæй дисы æфтауы. Лыстæг фæдргуытæй аразы æнæхъæн композицитæ, сты æцæг дидинджыты бастыты хуызæн. Йæ къухы бафтыд суанг Уæрæсейы рекордты чиныгмæ дæр бахауын. Йæ фæндты ис йе сфæлдыстадимæ адæмы базонгæ кæнын – саразын йæ куыстыты равдыст. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Георгинæтæ, орхидеятæ, ромашкæтæ, лилитæ… Сылгоймаджы къухты алыхуызон фурнитурæимæ къуыбылойæ уайтагъд рабæрæг вæййы фидæны дзаумайы хуыз. Декреты уæвгæйæ Чехойты Вергине йæ къухтæм райста инструменттæ, æмæ сæ ныр 12 азы нал уæгъд кæны. Бисерæй быйыны æрмдæсны у математик дæр, æмæ флорист дæр. Хъæуы бахынцын  бæрцытæ, сбæрæг кæнын сыфты къуым æмæ къул, æмæ ма суанг дзаумайы хуыз дæр. Ахæм композицитæ йæ коллекци ис сæдæйæ фылдæр.

Ацы композицитæ сæ нывæфтыдты сусæг кæнынц æцæг хæзна. Уый бисеры æмæ декоративон дурты алыхуызон тæмæнтæ не сты. Сæ хæзна у, уæлахиз кæй нысан кæнынц, уый. Чехойты Вергине æнæхъæн афæдз изæрыгæтты ацы куыст кодта æмæ йæ æмбаргæ дæр нæ кодта – афтæмæй Уæрæсейы рекордты чиныджы истори кæй фыссы, уый. Ацы 63 дидинæджы хуызæн ныры онг нæ уыд

Йæ дидинджытæ аив кæнынц æрмадз, стæй ма сты æхсызгон лæвар. Ахæм бастытæй сбуц кæны йæ бинонты æмæ хæлæртты. Уæлдай йын нæу, композицийыл цалдæр сахаты æви æнæхъæн мæй схардз кодта, уый. Сæйрагдæр у, цæмæй йæ куысты хатдзæгтæй разы уа. Фæлæ йын раздæрау сæрмагонд бынаты ис йæ фыццаг конд дзаума.

Æрмадзы ис æнæхъæн равдысты фаг æрмæг. Йæ презентаци нырма уал у Вергинейы бæллиц. Гæнæн ис, æмæ бисерæй быйыны уарзджытæ йе сфæлдыстадимæ базонгæ уыдзысты ацы аз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania