филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:59 воскресенье, 01 февраля 2026
22 августа 2019, 13:06
Битарты Вячеслав æмæ Æлбегаты Барис æрныхас кодтой, нæ республикæ хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ куыд цæттæ у, ууыл

Стыр æргом аздæхтой, æвзарæн къамистæ кæм кусдзысты, уыцы бæстыхæйттæ хъахъхъæныныл

Битарты Вячеслав æмæ Æлбегаты Барис æрныхас кодтой, нæ республикæ хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ куыд цæттæ у, ууыл. Стыр æргом аздæхтой, æвзарæн къамистæ кæм кусдзысты, уыцы бæстыхæйттæ хъахъхъæныныл. Уæдæ бакусын хъæудзæн æвзарæн участокты зынгсирвæзтыты ныхмæ æдасдзинадыл. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг куыд радзырдта, афтæмæй ныры онг æвзарæн участоктæ æххæстæй сифтонг кодтой стационарон æмæ къухтæй кусгæ æфсæйнагагурæнтæй. Уымæй дарддæр бакуыстой видеоцæстдарды системæ сæвæрыныл. 8-æм сентябры Мидхъуыддæгты министрады кусджытæ рахиздзысты карздæр куысты фæткмæ. Хъæлæс кæныны боны агъоммæ та сбæрæг кæндзысты æппæт æвзарæн участоктæ æмæ сæ алфамблай территоритæ. Кусæг фембæлды ма ныхас цыд ног ахуыры азмæ æмæ фæззыгон-зымæгон рæстæгмæ цæттæдзинадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania