филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:24 воскресенье, 29 сентября 2024
19 марта 2020, 12:30
Битарты Вячеслав æмæ федералон инспектор Челæхсаты Владимир адæмимæ фембæлдысты

Байхъуыстой адæмы курдиæттæм

Битарты Вячеслав æмæ Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвары аппараты федералон инспектор Челæхсаты Владимир адæмимæ фембæлдысты нæ бæстæйы Президенты æхсæнадон исæнуаты. Байхъуыстой адæмы курдиæттæм. Афтæ республикæйы амындмæ гæсгæ, материалон æххуыс бакæндзысты бирæсывæллонджын бинонтæн. Иу сывæллон дзы у инвалид. 2019-æм азы августы чызгæн скодтой сæры магъзы стджыты трансплантаци, æмæ йæ ныр хъæуы Мæскуыйы медицинон куыстуæттæй иуы фенын кæнын. Уымæй дарддæр йæ зын царды уавæрты тыххæй радзырдта иннæ сылгоймаг. Йæхæдæг рынчын у онкологон низæй, æмæ ма кæсы йæ рынчын мадмæ. Битарты Вячеслав уавæрмæ æркæсын бабар кодта республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадæн. Бæлвырддæр та йын цæмæй радтой квотæ, стæй ма йын баххуыс кæндзысты коммуналон лæггæдтæн хæстæ бафидын дæр. Октябрьскæйы цæрæг та республикæйы сæргълæууæджы ргом аздæхта бынæттон центрон парчы рацарæзты фарстамæ. Уый фадат ратдзæн æхсæнадон фæлладуадзæн зонæ фæхуыздæр кæнынæн, æмæ дзы алыхуызон ирхæфсæн мадзæлттæ аразынæн. Хъæуы ма дзы сывæллæттæн ирхæфсæн фæз саразын дæр. Ногиры цæрджытæ тыхсынц доны фарстайæ. Хъæуы дондзæуæн хæтæлтæ баивын. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ацы аз райдайдзысты 73 километры ивын. Æмæ фæсидт цæрджытæм, цæмæй куыстыты хæрзхъæддзинадмæ сæ цæст дарой. 1-æм маймæ базилдзысты Советон æфсæдты æфсымæрон ингæнмæ, Нартыхъæуы. Ирыхъæуæй та фронтмæ чи ацыд, уыдоны номарæн Мемориалы проекты кой та ракодтой Пагæты Зауырбег æмæ аивæдты сгуыхт архайæг Гæгойты Таймураз. Куыстытæ ныридæгæн дæр цæуынц, фæлæ проект æххæстæй царды рауадзынæн хъæуы 3 милуан сомы. Битарты Вячеслав сын баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдта. Уымæн æмæ ахсджиаг хъуыддаг у рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania