27 февраля 2020, 13:07
Битарты Вячеслав æмæ Сергей Чеботарев æрныхас кодтой нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты фидæныл
Фембæлд арæзт æрцыд Мæскуымæ кусæг балцы рæстæг
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Уæрæсейы экономикон рæзты Министры хæдивæг Сергей Чеботарев æрныхас кодтой нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты фидæныл. Фембæлд арæзт æрцыд Мæскуымæ кусæг балцы рæстæг. Сæйраг темæтæй иу уыд – хæххон курорт «Мамысон»-ы проект царды рауадзын. Битарты Вячеслав федералон бæрнон кусæджы зæрдыл æрлæууын кодта, нæ республикæйæн куыд ахсджиаг хъуыддаг у, уый. Чысыл раздæр фарстайыл бæстон æрныхас кодта Уæрæсейы Президент Владимир Путинимæ. Уый йын радта цалдæр хæсы. Æмæ сæ сæххæст кæнынæн та Битарты Вячеслав æрдзырдта Сергей Чеботаревимæ. Хæстæгдæр рæстæг бацæттæ кæндзысты фидæны туристон хъæуы объектты хыгъд.
темæмæ гæсгæ