филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:34 суббота, 04 мая 2024
27 июня 2019, 12:05
Битарты Вячеслав архайдта Паддзахадон советы æмбырды

Ныхас дзы цыди фæндæгты арæзтадыл, сæ дарыны, пайда кæныны æмæ цалцæджы хæрзхъæддзинадыл стæй, фæндаггон змæлдмæ цæстдарды фарстатыл.

Битарты Вячеслав архайдта Паддзахадон советы æмбырды. Ныхас дзы цыди фæндæгты арæзтадыл, сæ дарыны, пайда кæныны æмæ цалцæджы хæрзхъæддзинадыл стæй, фæндаггон змæлдмæ цæстдарды фарстатыл. Бæстæйы сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта, нæ размæ вæрд хæстæ æмæ нысантæ царды уадзын хъæуы национ проекттæ æххæст кæнгæйæ. Уымæй уæлдай, 2024-æм азы онг алы регионы дæр хъуамæ бакусой ног фæндæгты арæзтады программæтыл. Владимир Путин бæлвырдæй æрлæууыди фæндæгты рухсы тарифтыл, уæзласæн машинæты æнæкъуылымпыйæ цæуыны фæткыл, æмæ фæндаггон куыстыты аргъы фарстайыл. Æмбырды хицæн ныхасы аккаг уыди – видеоцæстдарды системæ. Паддзахады разамонæг куыд загъта, афтæмæй сæ æмбæхсын нæ хъæуы, цæмæй шофыртæ æппынæдзух ивартæ ма фидой, уый тыххæй. Фæндæгтыл камерæты æвæрыны нысан хъуамæ уа – фæндаггон фыдбылызтæ фæкъаддæр кæнын. Уый размæ та регионты Сæргълæуджыты хсæн ныхас цыди фæндæгты хъæрзхъæддзинад æмæ æдасдзинадыл. Сæйрагдæр та – фæндæгты арæзтады рæстæг цавæр технологитæй фæпайда кæнынц, ууыл. Ног æрмæджыты хæрзхъæддзинад сбæрæг кодтой практикæйыл. Кусджытимæ иумæ æвæрдтой асфальт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania