филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:56 воскресенье, 05 мая 2024
19 июня 2019, 17:00
Битарты Вячеслав архайдта Цæгат Кавказы федералон зылды æххæстбарджын минæвары цур Советы æмбырды, Мæскуыйы

Ныхас дзы цыди социалон фарстатыл, зæгъæм, скъолайы агъоммæйы æмæ иумæйаг ахуырады хæрзхъæддзинадыл.

Битарты Вячеслав архайдта Цæгат Кавказы федералон зылды æххæстбарджын минæвары цур Советы æмбырды, Мæскуыйы.
Ныхас дзы цыди социалон фарстатыл, зæгъæм, скъолайы агъоммæйы æмæ иумæйаг ахуырады хæрзхъæддзинадыл. Битарты Вячеслав йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы ацы хъуыддæгтæ сты фыццаградонтæ. Фарон байгом кодтой 7 ног рæвдауæндоны. Ацы къабазы куыст цæуы дарддæр. Уымæй уæлдай архайынц хъæуты скъолаты ахуыргæнджытæй ифтонг кæныныл дæр. Республикæйы сæргълæууæг бахаста фæндон, цæмæй Беслæны теракты хъыгдардбаййафджытæн уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуыны тыххæй нысанон квотæтæ радих кæныны фарста проектмæ хаст æрцæуа. Александр Матовников курдиат банымадта ахсджиагыл, æмæ загъта, лыггонд кæй æрцæудзæн, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania