Хъуамæ сæ фæлтæрддзинадыл бафтауой цæгатирыстойнаг æмкусджыты
Битарты Вячеслав бабар кодта бакæнын алцыдæр, цæмæй Уæрæсейы хуыздæр клиникæтæй дохтырты балц Цæгат Ирыстонмæ рауайа, куыд æмбæлы, афтæ.
Хъуамæ сæ фæлтæрддзинадыл бафтауой цæгатирыстойнаг æмкусджыты. Республикæйы разамонæг ма снысан кодта, дохтырты æмæ астæуккаг медицинон персоналæн хицæн куысты пъланыл бакусын. Уымæ гæсгæ райсдзысты ног ахуырад. Уæвгæ та фæлтæрддзинад фылдæр кæныныл куыст хъуамæ цæуа æппынæдзухдæр. Æппæт ацы фарстатыл ныхас цыд проектон архайды радон æмбырды. Архайдтой дзы, Мæскуыйы æмæ Санкт-Петербурджы раззагдæр клиникæты ахуырад чи ацыди, ахæм 5 дохтыры. Уыцы фадат сын фæци, медицинон организацитæ фæлтæрдджын кадртæй цæттæ кæныны республикон программæ æххæст кæнгæйæ. Æмбырды ма ныхас цыд социалон æххуысы мадзæлттыл. Битарты Вячеслав ма бабар кодта, «социальный пакет» кæй хонынц, уый бацæттæ кæнын. Уый медицинон кусджытæн фадат ратдзæн цæрæнуат æнцондæрæй самал кæнынæн, санаторитæм æмæ курорттæм лæвар цæуынæн, стæй транпсортæй дæр лæвар пайда кæнынæн.




