филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:12 воскресенье, 29 сентября 2024
21 января 2020, 12:40
Битарты Вячеслав байхъуыста адæмы фарстатæм

Æрыдоны сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзарæн баххуыс кæныны фæдыл республикæйы сæргълæууæгæмæ æрбацыд ацы фарста кæй тыхсын кæны, ахæм сылгоймаг

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав байхъуыста адæмы фарстатæм. Æдæппæтæй уыдысты 10. Æрыдоны сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзарæн баххуыс кæныны фæдыл республикæйы сæргълæууæгæмæ æрбацыд ацы фарста кæй тыхсын кæны, ахæм сылгоймаг. Куыд радзырдта, афтæмæй бæстыхай арæз уыд 1812-æм азы, æмæ йæ къуылтæ, стæй хæдзары сæр сты зилинаг. Битары фырт йын зæрдæ бавæрдта, йæ курдиат æххæстгонд кæй æрцæудзæн, уымæй.

Балтайы цæрæг Газдиевты бинонтæ та æрбацыдысты хи курдиатимæ. Хъомыл кæнынц 4 сывæллоны. сæ æфтиаг у 14 мины. 2017-æзы сын райгуырд йæ æнæиздзинад хъыгдард кæмæн у ахæм сывæллон. Хъæуы йæ Мæскуыйы дохтыртæм аласын, фæлæ фæрæзтæ нæ фаг кæны. Битарты Вячеслав загъта, бинонтæн кæй баххуыс кæндзæн.

Елхоты цæрæг та фехъусын кодта сæ хъæуы Карсанаты Хъазыбеджы уынг цалцæггæнинаг кæй у. Уыцы хæс республикæйы сæргълæууæг сæвæрдта Кировы районы разамынды цур.

Уæллаг Санибайы та саразын хъæуы фельдшерон-акушерон пункт. Ацы курдиаты фæдыл Битарты Вячеслав радзырдта 2020-æм азы 36 пункты кæй сараздзысты. Уымæй уæлдай 2021-æм азы ацы хъуы сараздзысты культурæйы хæдзар дæр.

Нартыхъæу -Фиагдон æмæ Рассветы фæндагыл хид та арæзт цæудзæн оеспубликæйы фæндæгты хæдзарады комитеты уæлæмхасæн субсидиты фæрцы.

Æппæт фарстатæ куыд сæххæст кæндзысты, уымæ Битарты Вячеслав йæ цæст дардзæн

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania