филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:22 суббота, 28 сентября 2024
29 апреля 2020, 16:16
Битарты Вячеслав фехъусын кодта, республикæйы социалон-экономикон уавæр фæхуыздæр кæныны Штабы æмбырды

Йæ нысан у хъæппæрисджын къорды фарстатæ лыг кæнын

Бынæттон хиуынаффæйады оргæнты хъæуы цæрджытимæ се рвылбоны архайдмæ цæхгæр ивддзинæдтæ бахæссын. Уый тыххæй Битарты Вячеслав фехъусын кодта, республикæйы социалон-экономикон уавæр фæхуыздæр кæныны Штабы æмбырды. Арæзт æрцыд 20-æм апрелы Дзæуджыхъæуы цауты фæстæ. Йæ нысан у хъæппæрисджын къорды фарстатæ лыг кæнын.

Республикæйы æрæджы райдыдтой хъæуты цæрджытимæ æмбырдтæ аразын. Афтæмæй адæмæн фылдæр фадæттæ фæзынд сæ лыггæнинаг хъуыддæгтыл кусынæн. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй алы муниципалон сконды дæр хъæуы бæстон анализ скæнын. Уымæн æмæ коронавирусимæ баст сæрмагонд фæтк æвзæрырдæм фæзынд адæмы зæрдæйы ахастыл. Уымæ гæсгæ семæ хъæуы фылдæр кусын, стæй фæсивæдмæ æргом здахын. Ахадгæдæр хъуамæ кусой социалон хъахъхъæнынады службæтæ.

Хъуамæ бæстон зоной, æххуыс кæй хъæуы, уыцы бинонты се ппæты дæр. Æркæсын ма хъæуы æндæр æххуысы мадзæлттæм дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania