филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:08 воскресенье, 14 декабря 2025
26 ноября 2019, 12:08
Битарты Вячеслав фембæлд Азербайджаны республикæйы делегацийымæ

Битарты Вячеслав уазджытæн загъта бузныг, æмæ фæнысан кодта Ирыстон æмæ Азербайджаны хсæн нæ рагфыдæлтæй нырмæ кæй ис фидар хæлардзинады ахастдзинæдтæ

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Кавказы пысылмæтты управленийы сæргълæууæг Шейх-уль-Ислам Аллахшукюр Пашазаде æмæ Азербайджаны республикæйы Президенты æххуысгæнæг æхсæнадон – политикон фарстаты фæдыл Али Гасановимæ. Делегаци нæ республикæмæ ссыд пысылмæтты управленийы равзæрды 25 азы фæдыл  кадджын мадзалмæ. Битарты Вячеслав уазджытæн загъта бузныг, æмæ фæнысан кодта Ирыстон æмæ Азербайджаны хсæн нæ рагфыдæлтæй нырмæ кæй ис фидар хæлардзинады ахастдзинæдтæ. Уазджытæ дæр сæхирдыгæй загътой бузныг, ахæм фембæлд сын кæй сарæзтой, æмæ арфæйы ныхæстæ сæмбæлын кодтой сæ президент Ильхам Алиевæй. Кадджын уазджытæ ма раарфæ кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыдоны ном сæфт кæй нæу. Уый размæ бон уыдысты Мæздæджы Веселæйы хъæуы се мзæххонты мемориалон комплексы цур, сæвæрдтой дзы дидинджытæ. Али Гасановы ныхæстæм гæсгæ Цæгат Ирыстон ахсы ахсджиаг бынат регионты хсæн ахастдзинæдты. Уазджытæ æмæ фысымтæ загътой, дарддæр дæр æмгуыстад кæй кæндзысты, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania