филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:34 пятница, 04 июля 2025
29 июля 2019, 18:05
Битарты Вячеслав фембæлд нæ республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг Бекъойты Розæимæ

Сæ ныхас уыд – Цæгат Ирыстоны театралон аивады рæзтыл куыст

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд нæ республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат Бекъойты Розæимæ. Сæ ныхас уыд – Цæгат Ирыстоны театралон аивады рæзтыл куыст. Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй Розæ йæ цард сбаста театралон аивадимæ, лæвар ын кодта æнæ вгъауæй. Стыр æвæрæн бахаста Цæгат Ирыстоны культурæйы рæзтмæ. Хорз уаид, æрыгон артисттæ ахæм хистæртæй дæнцæг куы исиккой, уæд. Битарты Вячеслав æмæ Бекъойты Розæ æрцдысты иу хъуыдымæ. Бæлвырддæр та – Ирон театры сценæйы алы постановкæ дæр хъуамæ кæй уа æнгом коллективы сфæлдыстады хатдзæг. Театр цæры сæрмагондæй аивадуарзджытæн. Нæ республикæйы сæ нымæц бирæ у. Æмæ сæ алкæйы бон дæр режиссеры æмæ актерты курдиат ирдæй бамбарын.  Зындгонд режиссер республикæйы разамонæгæн фехъусын кодта йæ хъуыдытæ театралон аивады фидæны тыххæй, стæй йын раарфæ кодта, культурæйы рæзтмæ стыр æргом здæхт кæй цæуы, уый тыххæй. Ирон æвзаг æмæ культурæйы рæзты театрæн цы ахадындзинад ис, уый алчидæр æмбары, æмæ нæ хæс у дарддæр дæр ахæм ахадгæ куыст кæнын, загъта Битарты Вячеслав.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania