филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:21 воскресенье, 29 сентября 2024
26 марта 2020, 17:58
Битарты Вячеслав фембæлд зындгоннд рекламон компани «Медиаплюс Групп»-ы разамындимæ

Æрдзырдтой æмгуыстады фарстатыл

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав кусæг балцы Мæскуыйы куы уыд, уæд дзы фембæлд зындгоннд рекламон  компани «Медиаплюс Групп»-ы разамындимæ. Æрдзырдтой æмгуыстады фарстатыл. Баст уыдысты нæ республикæйы туризмы райрæзтимæ. Сæрмагондæй саразын сайт, кæм æвдыст цæудзысты  нæ республикæйы уагъд продукци, туристон хъомыс, цыбыр ныхасæй уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг туристтæн цымыдисаг цы уыдзæн, уыдон. Компани  «Медиаплюс Групп» дзыллон информацион фæрæзты æмгуыстад кæны дунейы зындгонд куыстуæттимæ. Фембæлд арæзт уыд Уæрæсейы президенты цур арæзт республикæйы минæварады, йæ разамонæг Дзанайты Барисы архайдимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania