филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
09 марта 2021, 12:34
Битарты Вячеслав паддзахадон хæрзиуджытæ радта сылгоймæгтæн

Се нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй уыдоны аккаг систы педагогтæ, дохтыртæ, культурæйы архайджытæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ хъæууон хæдзарады къабазы кусджытæ

Канд рæсугъд сылгоймæгтæ нæ, фæлæ ма æцæг профессионалтæ. Бæрæгбоны фæдыл арфæтæ ацы бонты хъуысынц сылгоймæгты номыл. Цæгат Ирыстоны сын раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг. Битарты Вячеслав сын кадджын уавæры радта паддзахадон хæрзиуджытæ. Се нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй уыдоны аккаг систы педагогтæ, дохтыртæ, культурæйы архайджытæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ хъæууон хæдзарады къабазы кусджытæ. Афтæ коронавирусы инфекцийы ныхмæ ахадгæ тохы æмæ бæрзонд дæсныйады тыххæй Лука Хъырымаджы номыл майданæй, Уæрæсейы Президенты уынаффæмæ гæсгæ хорзæхгонд æрцыд Æрыдоны центрон рынчындоны медицинон хо Елойты Кларæ. Уæрæсейы культурæйы сгуыхт кусæджы ном амæй фæстæмæ хæсдзæн хормейстер Хосроты Елизаветæ. Ирыстоны намысы майданæй хорзæхгонд æрцыдысты аивæдты лицейы директор Ходы Фатимæ æмæ республикæйы клиникон рынчындоны сæйраг дохтыры хæдивæг Гуытъиаты Лианæ. Уымæй дарддæр ма 7 адæймагæн лæвæрд æрцыд республикæйы сгуыхт кусæджы ном. 4 сылгоймаджы та схорзæхджын кодтой Цæгат Ирыстоны кады грамотæтæй. Дыууæйæн та радтой арфæйы фыстæджытæ. Республикæйы Сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй дарддæр дæр æххуыс цæудзæн сылгоймæгтæн, цæмæй сын арæзт цæуой æмбæлгæ уавæртæ цардæн æмæ куыстæн дæр. Сæйрагдæр у уый, æмæ сылгоймаджы уарзондзинад æмæ аудындзинад нæлгоймæгтæн æххуыс кæнынц цыфæнды зындзинæдты сæрты ахизынæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania