филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:03 пятница, 10 мая 2024
04 июня 2019, 12:30
Битарты Вячеслав проектон офисы радон æмбырды бахаста фæндон, цæмæй программæ «Мæгуырдзинадимæ тох»-æн арæзт æрцæуа сæрмагонд проект

Йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ къуырийы æмгъуыдмæ Рахизфарсы районы Раздзоджы хъæуæн, амы цæрджыты уæлдай цæхгæр хъæуы паддзахадон æххуыс, сараздзысты фыццаградон фарстаты программæ.

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав проектон офисы радон æмбырды бахаста фæндон, цæмæй программæ «Мæгуырдзинадимæ тох»-æн арæзт æрцæуа сæрмагонд проект. Йæ хæслæвæрдмæ гæсгæ къуырийы æмгъуыдмæ Рахизфарсы районы Раздзоджы хъæуæн, амы цæрджыты уæлдай цæхгæр хъæуы паддзахадон æххуыс, сараздзысты фыццаградон фарстаты программæ. Раздзоджы мæгурдзинады аххосæгты тыххæй радзырдта Маматы Анжелæ. Куыд загъта, афтæмæй хъæуы цæрджытæн сæ фылдæр сты æххуысагуыр. Раздзоджы хъæуы хицау Дзодзиаты Чермен загъта, фыццаджыдæр цæрджытæн кæй нæй куысты бынæттæ, цæрынц хи фæллойы руаджы, дарынц фос, зилынц цæхæрадæттæм. Заууатмæ æрцыд бынæттон амбулатори, нæй сæм культурæйы хæдзар æмæ спортивон фæзтæ. Кæддæр Раздзог хъуыстгонд уыд йæ дыргъдæттæй. Æмæ ныр хаст æрцыд уынаффæ ацы куыст дзы сног кæнын. Уый тыххæй саразын хъæуы райрæзты паддзахадон программæ æмæ уыцы куыст хæстæгдæр рæстæг скæндзысты специалисттæ. Хъуамæ дзы фæнысан кæной адæмæн куысты бынæттæ, медицонон æххуысæн æмæ спортæн уавæртæ.Æмбырды архайджытæ ма æрдзырдтой «Ахуырады» программæйыл дæр. Ныхас цыд скъоладзауты фидæны дæсныйад равзарыны проектыл. Ныртæккæ уал кусын райдыдта Кировы районы, Змейкæйы 2-æм скъолайы æмæ Елхоты бирæвæрсыг колледжы бындурыл. Ам 8-9 -æм кълæсты 50 ахуырдзауы 14 сотыхы зæххы фæзуатыл зайын кæнынц картоф, хъæдындз, басгæрдæг. Тагъд рæстæджы ацы проекты архайын райдайдзысты Ставд-Дурты скъоладзаутæ дæр.Республикæйы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ уый у хорз фæлтæрдзинад æмæ рагагъоммæйы дæсныйадмæ цæттæгæнæн программæмæ сразæнгард кæнын хъæуы фылдæр скъоладзауты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania