филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:17 суббота, 28 сентября 2024
04 сентября 2020, 14:39
Битарты Вячеслав ведомствæты, районты æмæ горæтты администрациты, стæй хæдзарадон организациты разамонджытимæ сарæзта æмбырд

Ныхас цыди хъармгæнæн сезоныл

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав ведомствæты, районты æмæ горæтты администрациты, стæй хæдзарадон организациты разамонджытимæ сарæзта æмбырд. Ныхас цыди хъармгæнæн сезоныл. Цæрæнуæтты-коммналон хæдзарады министр Таматы Майрæн йæ доклады куыд загъта, афтæмæй республикæ фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæ у 90%. Цæгат Ирыстоны хæдзæрттæм хъарм чи дæтты, уыцы организацитæ 15-æм сентябрьмæ хъуамæ бадæттой хъармгæнæн сезонмæ цæттæ кæй сты, уый тыххæй æвдисæндартæ. Фæлæ ис ахæм объекттæ, сæ документацийы фиппаинæгтæ кæмæн ис. Æмбырды сын бахæс кодтой, цыбыр рæстæгмæ лыггæнинаг фарстатыл бакусын.

Республикæйы фæззыгон-зымæгон сезонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæ райдыдтой фароны хъармгæнæн сезон куыддæр фæцис, афтæ. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, 2019-æм азы куыст уыди ахадгæ, цæрджыты хъармæй ифтонг кæныны системæйы къуылымпыдзинæдтæ зынгæ къаддæр уыдысты ивгъуыд азтæй. Ныр дæр куыст саразын хъæуы æмбæлгæ æмвæзыдл, уыимæ æмархайдæй, цæмæй уазæлтты рæстæг адæмæн æдыхстæй ацæуа, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania