филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:22 суббота, 28 сентября 2024
12 ноября 2020, 12:43
Битарты Вячеслав загъта, цæмæй КТ кæй арвитынц, уыцы рынчынты бирæ æнхъæлмæ кæсын ма хъæуа

Профилон министр Годжыцаты Тамерланæн та бабар кодтой, цæмæй бацархайа томограммæмæ радтæ ма руадзыны фарстайыл

Республикæйы рынчындæтты сæйраг дохтыртæ радзырдтой, сæ бæрны цы медицинон куыстуæттæ ис, уыдоны уавæры, стæй хостæ æмæ хи бахъахъхъæныны фæрæзтæй куыд æххæст сты, уый тыххæй. Клиникон рынчындоны сæйраг дохтыр Митциты Астан куыд загъта, афтæмæй цæттæ сты райсынмæ авдсæдæ цыппор рынчыны. Стационар та æххæст у куыд медикаменттæй, афтæ хъæугæ ифтонгарзæй дæр. Диагностикæйы мадзæлтæн пайда кæнынц компьютерон томограммæйы дыууæ аппаратæй, уый фæрцы цыбырдæр кæны æнæмæнг иртæстыты рæстæг.

Битарты Вячеслав бæрнон адæймæгты æргом аздæхта, цæмæй компьютерон томограммæмæ кæй арвитынц, уыцы рынчынты бирæ æнхъæлмæ кæсын ма хъæуа. Профилон министр Годжыцаты Тамерланæн та бабар кодтой, цæмæй бацархайа томограммæмæ радтæ ма руадзыны фарстайыл. Уый тыххæй хъæуы кæсын рынчынты нымæцмæ æмæ сæ алкæмæн дæр снысан кæнын сæрмагонд рæстæг – загъта Битарты Вячеслав. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – нæ республикæйы ныртæккæ кусы цыппар томогрæфы. Уыдонæй иу сæрмагондæй у, амбулаторон уагæй чи дзæбæх кæны, уыцы рынчынтæн. Республикæйы ис æртæ мæйы фаг чи суыдзæн, хосты ахæм резерв. Уыдонимæ хи бахъахъхъæныны фæрæзтæ дæр. Уымæй уæлдай лæвар хостæ ис, сæ хæдзæртты чи дзæбæх кæны, уыцы рынчынтæн. Æлхæнынц сын сæ федералон бюджетæй цы фæрæзтæ радих кодтой, уыдонæй.

Æмбырды кæрон Битарты Вячеслав оперативон штабы уæнгтæн бабар кодта, цæмæй бæстон цæстдард уа маскæ дарыны фæткмæ. Хъуамæ адæм сæхи хъахъхъæной æрмæст æхсæнадон транспорты нæ, фæлæ дуканиты, кафеты, æмæ æндæр æхсæнадон бынæтты. Муниципалитетты разамонджытæн та бафæдзæхста, цæмæй цæрджытимæ фæахадгæдæр кæной амонæн куыст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania