филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:28 суббота, 28 сентября 2024
27 сентября 2019, 15:35
Битарты Вячеславæн фембæлд уыди Дыгуры районы цæрджытимæ

Æмбырды архайдтой алыхуызон къабæзтæн дзуапптæттæг куыстуæтты разамонджытæ дæр

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн фембæлд уыди Дыгуры районы цæрджытимæ. Æмбырды архайдтой алыхуызон къабæзтæн дзуапптæттæг куыстуæтты разамонджытæ дæр. Адæм сæ цардархайды тыххæй курдиæттимæ æрбацыдысты Дигорайы культурæйы галуанмæ. Фембæлдмæ хуынд æрцыдысты Николаевскийы æмæ Мустыздæхы цæрджытæ дæр. Цы фарстатæ алыг кодтой бынаты, æмæ сы нысантæ скодтой фидæнмæ, уый тыххæй Гуытъиаты Алинæйы æрмæг.

Дыгуры районы ахсджиаг фарстатæн сæ сæйрагдæр у æнæниздзинадхъахъхъæнынад. Бынæттон цæрджыты хъуыдымæ гæсгæ, районы рынчындоны нæ фаг кæны бынæттæ. Уый тыххæй адæмы хъæуы рады лæууын, цæмæй сæ стационармæ дзæбæх кæнынмæ райсой. Уымæй уæлдай, фæфылдæр кæнын хъæуы тагъд æххуысы машинæты нымæц дæр. Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан зæрдæ куыд бавæрдта, афтæмæй æппæт фарстатæ дæр лыггонд æрцæудзысты.

Николаевскæйы станицæйы цæрджытæ та тыхсынц бынæттон скъолайы хъысмæтыл. Æртын фондз азæй фылдæр цалцæггонд нæ уыд.

Республикæйы разамонæгмæ сæ фарстатæ радтой бынæттон администрацийы кусджытæ дæр. Дигорайы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Куцкиты Эльбрус бахаста курдиат, цæмæй горæтæн балхæной уæлæмхасæн коммуналон техникæ.

Уыцы фарста равзарыны тыххæй хæслæвæрд Битарты Вячеслав радта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзрады министр Таматы Майранæн.

Афæдзы дæргъы Дигорайы цæрджытæм куыд нæ æрæмбырд уыдаиккой фарстатæ. Мустыздæхы цæрджытæ курынц ног культурæйы хæдзар. Хъуамæ сцæттæ уа 2021 азы. Дзырдтой ма цæмæй æркæсой газ æмæ доны фарстатæм дæр. Республикæйы разамонæг куыд загъта, афтæмæй æппæт фарстатæ дæр ис алыг кæнын æрмæстдæр иумæйаг тыхтæй.

Фембæлд ахаста цалдæр сахаты. Æппæт фарстаты фæдыл дæр республикæйы разамонæг радта хæслæвæрдтæ профилон ведомствоты разамонджытæн. Уый фæстæ цæрджытæн уыдис фадат Битарты Вячеславимæ комкоммæ аныхас кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania