Æмырдтæ ацыдысты Беслæны æмæ Ольгинскæйы.
Рахизфарсы районы цæрджытæн та уыд радон фадат, республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ сæ ахсджиагдæр фарстатыл æрдзурынæн. Ацы хатт æргом æмæ ахадгæ ныхас кодтой Беслæны, Фарныхъæуы æмæ Ольгинскæйы цæрæг адæмимæ. Бирæ хъуыддæгтæ баст уыдысты хъæууонхæдзарадон зæххытæй пайда кæнынимæ, стæй социалон къабазимæ, æмтгæй райсгæйæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Моргуаты Ладæ.
Беслæны фембæлды райдыдта горæты уæллаг хайы фæндæгты уавæрæй. Цæрджыты курдиат уыд – светофор сæвæрын. Стæй ма сæ фæнды, æрæджы дзы цы спортивон фæзуат байгом кодтой, уым рухсытæ сæвæрын.
Районы рынчындоны куыстæн фембæлды рæстæг бирæ рæстæг схардз кодтой. Нæ дзы фаг кæны медицинон персонал, стæй дзы рынчынтæн та хостæ сты æлхæнгæ. Сæйраг дохтыр зæрдæ бавæрдта, фарста цыбыр рæстæгмæ лыггонд кæй æрцæудзæн, уымæй.
Гусаты Дианæ та разы нæу тагъд æххуысы куыстæй. Афтæ æнхъæл уыдысты, æмæ йæ мадмæ инсульт ис, æмæ йæ районы рынчындоны бæсты аластой Дзæуджыхъæумæ республикон клиникон рынчындонмæ. Уымæн та хъæуы рæстæг, уымæ гæсгæ сылгоймаг бахаста фæндон уæззау рынчынты центры æвæрын.
Беслæйнæгты фылдæр базонын фæндыд адæмы кæлæддзаг хæдзæрттæй хуыздæр уавæртæм ракæныны программæйы тыххæй. Куыд загътой, афтæмæй рады чи лæууы, уыдон размæ нæ цæуынц, зæронд хæдзæртты та арæх æрцæуы зынгсирвæзт. Куыд ис ахæм уавæры цæрын. Районы та зæгъынц, адæмы кæй нæ фæнды сæ цæрæнуæттæ ныууадзын.
Уæлахизы уынджы хæдзары та ис ахæм хæдзæрттæ, кæцытæм хъарм нæ хæццæ кæны. Хъармгæннæ сæвæрдтой, фæлæ уавæр нæ аивта. Районы разамынд та зæгъы, адæм коммуналон лæггæдтæй бирæ хæстæ кæй дарынц.
Цæрджытæ ма загътой, рагæй æрæгмæ адæм сæ фæллад кæм уагътой, уыцы парк заууатмæ кæй æрцыд. Сывæллæттимæ кæдæм ацæуой уый нæй. Битарты Вячеслав бабар кодта горæты ног разамындæн, ацы фарста равзарын. Ис раппæлинаг хъуыддæгтæ дæр. Беслæны 4-æм скъоламæ сараздзысты ног фæндаг. Республикæйы сæргълæууæг радзырдта, ацы аз 180 милуаны кæй радих кодтой донсыгъдæггæнæнты арæзтадæн.
Республикæйы сæрглæууæгимæ фембæлд уыд Ольгинскæйы цæрджытæн дæр. Бынæттон клубмæ æрбацыд бирæ адæм. Битарты Вячеслав йæ æргом азæдхта бæстыхайы уавæрмæ. Цæрджытæ та радзырдтой уазал дзы кæй вæййы, уый. Клубы разамынд фæнысан кодта музыкалон инструменттæй цух кæй сты, уый.
Ольгинскæйы фæзындзæн ног рæвдауæндон дæр. 100 сывæллоны кæдæм цæуынц, уый у кæлæдзаг. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта саразын проект. Скъолайы директор та хъаст кодта ахуыргæнджытæ кæй нæ фаг кæны.
Ахуыргæнджытæ Ольгинскæйы скъоламæ кæй нæ цæуынц, уымæн йæ аххосæгтæй иу у транспортон бастдзинад районы центыримæ.
Хъуы уынгтæ дæр рухсгонл нæ цуынц, зæгъынц цæрджытæ. Ацы фарста хъуамæ хъæуы хицау æмæ районы админситраци иумæ равзарой. Хъæуы ма къахвæндæгтæ дæр саразын.
Республикæйы фæндæгты комитетæн та бабар кодтой Ольгинскæйæ Чермены хъæумæ фæндаг сцалцæг кæнын.
Фембæлды канд æхсæнадон фарстатæ не взæрстой, фæлæ ма республикæйы хицауадмæ фæсидтысты хи фарстатимæ дæр. Сæ иуыл ахсджиагдæр тæ лыггонд цæудзысты ацы аз.




