филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:19 суббота, 28 сентября 2024
02 июля 2020, 15:50
Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Икъаты Русланбегимæ

Йæ раныхасы йын раарфæ кодта, пандемийæйы рæстæг адæмæн цы æххуыс бакодта, уый фæдыл

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбегимæ. Йæ раныхасы йын раарфæ кодта, пандемийæйы рæстæг адæмæн цы æххуыс бакодта, уый фæдыл. Се вæрæн бахастой куыд бархионтæ, афтæ  горæты депутаттæ дæр.

Республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта, цæмæй Дзæуджыхъæуы кусæг къорд арæхдæр  бæрæг кæна, адæм бирæ кæм вæййы, уыцы бынæттæ æмæ кæст цæуа, санитарон домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ.

Ахджиаг фарста у ахуыргæнæндæттæ фæлварæнтæм бацæттæ кæнын, ацы аз райдайдзысты 3-æм июлы. Нæ хæс у рæзгæ фæлтæрæн саразын уавæртæ, цæмæй сын сæ зонындзинæдтæ равдисынæн цæлхдуртæ ма уа.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania