филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:13 суббота, 28 сентября 2024
25 марта 2021, 13:30
Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Иры стыр ныхасы сæрдар Кучиты Русланимæ

Республикæйы разамонæг ын раарфæ кодта, цы стыр æмæ ахадгæ куыст кæны, уый тыххæй

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Æппæтадæмон æхсæнадон змæлд «Иры стыр ныхас»-ы сæрдар Кучиты Русланимæ. Республикæйы разамонæг ын раарфæ кодта, цы стыр æмæ ахадгæ куыст кæны, уый тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй сæ фæрцы хъахъхъæд цæуынц ирон адæмы хæзнаты æмæ удварны æууæлтæ. Стыр æргом здахынц рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ. Кучиты Руслан та загъта бузныджы ныхæстæ, кæддæриддæр республикæйы разамындæй æххуыс кæй æнкъарынц, уый тыххæй. Стыр ныхасы сæрдар Битарты Вячеславæн балæвар кодта Хæуытаты Къостайы чиныг «Уæздандзинады гуырæнтæ». Мыхуыры рацыд змæлды активы хъæппæрисæй. Хæстæгдæр рæстæг æй рауаддзысты мин тиражы, æмæ йæ балæвар кæндзысты скъолатæн æмæ библиотекæтæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania