филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:29 воскресенье, 01 февраля 2026
26 декабря 2019, 12:27
Битарты Вячеславæн уыд ацы азы кæронбæттæн кусæг балц республикæйы районтæм

Ацы хатт аныхас кодта Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районты цæрджытимæ

Радон кусæг балц, радон хатдзæгтæ, радон хæрзиуджытæ æмæ фидæнмæ нысантæ. Битарты Вячеславæн уыд ацы азы кæронбæттæн кусæг балц республикæйы районтæм. Ацы хатт аныхас кодта Горæтгæрон æмæ Рахизфарсы районты цæрджытимæ. Куыд рауад сæ фембæлд, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Горæтгæрон районы цæрджыты активондæрты кадæн кадджын фембæлд. Залы хъæууон хæдзарады, культурæйы, ахуырады æмæ æнæниздзинадхъахъхъæнынады минæвæрттæ. Арфæйы ныхæстæ райстой республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæй. Хуыздæрты хсæн адæмон кафты ансамбль «Бæркад»-ы разамонæг Хосроты Елизаветæ.

Районы æнтстдзинæдтæй ма иу, республикæйы муниципалитетты конкурсы 3-аг бынат. 3 милуанæн сертификат радтой Горæтгæрон районы сæргълæууæг Гаглойты Алан. Фæрæзтæ хардзгонд æрцæудзысты муниципалитеты рæзтыл.

Кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæ Битарты Вячеслав радта Рахизфарсы районы цæрджытæн дæр. 2019-æм азы ам бирæ хорз хъуыддæгтæ æрцыди арæзт. Ивддзинæдтæ дзы æрцыди фæлладуадзыны æмæ спорты, базылдысты кæртытæм æмæ æхсæнадон территоритæм. Беслæны 8-æм скъолайы та æрæджы байгом наукон ирхæфсæнты парк.

Фембæлды ныхас цыди фидæнмæ фæндтæ æмæ нысантыл дæр.  Иннæ аз сæ мызд фæфылдæр кæндзысты ахуыргæнджытæн. Уый тыххæй республикæйы бюджетмæ хаст æрцыдысты уæлæмхасæн 300 милуан сомы бæрц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania