филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:23 суббота, 28 сентября 2024
18 августа 2020, 12:03
Битарты Вячеславы фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барисы кусæг фембæлды ныхас цыд регионалон программæйыл

Баст у, цæрынæн æппынкъаддæры бæрц кæмæ хауы, ахæм адæмы нымæц фæкъаддæр кæнынимæ

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы, вице-премьер Азымты Иринæйы стæй фæллойы æмæ социалон рæзты министр Хуыбаты Барисы кусæг фембæлды ныхас цыд регионалон программæйыл. Баст у, цæрынæн æппынкъаддæры бæрц кæмæ хауы, ахæм адæмы нымæц фæкъаддæр кæнынимæ. 2019-æм азы нæ республикæйы профилон министрад Рахизфарсы районы хъæу Раздзоджы æххæст кæнын райдыдта проект «Мæгуырдзинадимæ тох». Уыцы мгъуыдмæ фæзынди фæлтæрддзинад, æмæ ис хатдзæгтæ скæнæн. Регионы разамонæджы амындмæ гæсгæ куыст цæуы дарддæр, æмæ фидæны аз федералон бюджетæй радих кæндзысты 150 милуан сомы. Æххæстгонд цæуынц æндæр ахсджиаг программæтæ дæр. Афтæ профилон ведомствотæ аразынц фæкæсынхъуаг бинонты реестр. Абоны онг дзы ис 2630 бинонтæ. Уыдон хъуамæ бацархайой алыхуызон программæты, æмæ кусдзысты хи хъуыддаг байгом кæныныл стæй хи хæдзарад скæныныл. Æнæмæнг хъæуы æппæт мадзæлттæ æххæст кæнын, цæмæй субсидитæй ахадгæйæ пайдагонд цæуа, уый тыххæй, загъта Битарты Вячеслав.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania