филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:22 суббота, 28 сентября 2024
10 июня 2020, 16:07
Битарты Вячеславы разамындæй ацыди республикæйы антитеррористон къамисы æмæ оперативон штабы æмбырд

Видеоконференцийы архайджытæ æрныхас кодтой, Уæлахизы парад, Уæрæсейы бон, æмæ конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй

Битарты Вячеславы разамындæй ацыди республикæйы антитеррористон къамисы æмæ оперативон штабы æмбырд. Видеоконференцийы архайджытæ æрныхас кодтой, Уæлахизы парад, Уæрæсейы бон, æмæ конституцимæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй хъæлæс кæныны бон адæмы æдасдзинад бахъахъхъæныны фарстатыл.

Лæмбынæг æркастысты коронавирусы инфекци ма парахат кæныны тыххæй фæлхасадмæ цæстдарды управленийы домæнтæ æххæст кæныны хъуыддагмæ. Фыццаградон хæс – адæмы æнæниздзинад, загъта республикæйы Сæргълæууæг. Барадхъахъхъæнæг æмæ æххæстгæнæг хицаудзинады структурæтæ стыр æргом аздæхтой зонындзинæдты бон æмæ терроризмы ныхмæ тох кæныны бон сбæрæг кæныны мадзæлттæм.

Ам дæр хъуамæ рагагъоммæ бацæттæ кæной цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй сæрмагонд куысты фæтк. Уæрæсейы Хицауад цы хæстæ радта, уыдонмæ гæсгæ, куыст цæуы бирæфатерон хæдзæртты æдасдзинадыл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania