филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:20 суббота, 28 сентября 2024
20 февраля 2020, 12:35
Битарты Вячеславы разамындæй Горæтгæрон районы арæзт æрцыд Антитеррористон къамисы æмæ Оперативон штабы иумæйаг æмбырд

Боны фæткмæ рахастой цалдæр ахсджиаг фарстайы

Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы разамындæй Горæтгæрон районы арæзт æрцыд Антитеррористон къамисы æмæ Оперативон штабы иумæйаг æмбырд. Боны фæткмæ рахастой цалдæр ахсджиаг фарстайы. Æмбырды архайджытæ стыр æргом аздæхтой æххæстгæнæн хицаудзинады федералон оргæнты территориалон структурæты архайдмæ. Бæлвырддæр та — терроризмы ныхмæ мадзæлттыл куыд кусынц, уымæ. Ныхас цыд ахуыргæнæндæтты профессионалон хъахъхъæнынадыл. Ам ахсджиаг у ахуыргæнæндæтты разамонджыты æмæ мидхъуыддæгты оргæнты æмархайдыл кусын. Цæмæй ахуыргæнинæгтæ æмæ педагогтæ æдас уавæрты уой, уый тыххæй. Уæдæ бæстон анализ скодтой базарадон объектты уавæрæн дæр. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у, социалон хызты чи кусы, уыцы специалистты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын. Уæлдай æргом аздахын хъæуы, экстремизмы фæзындтæ кæм æмбæлынц, уыцы литературæмæ æмæ мыхуыры фæрæзтæм. Нациты хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрадæн бабар кодтой барадхъахъхъæнæн структурæтимæ æмæ Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæваримæ Цæгат Кавказы федералон зылды æнгомдæр æмархайд кæнын. Антитеррористон къамисы æмæ Оперативон Штабы уæнгтæ ма æрдзырдтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы æмæ сылгоймæгты æппæтдунеон боны мадзæлттæ æдасæй арвитыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania