филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:53 воскресенье, 05 мая 2024
25 июня 2019, 12:00
Битарты Вячеславы разамындæй проектон офисы æмбырды ныхас цыд хæрзаудæндзинадыл æмæ йæ райрæзты мадзæлттыл

Нæ республикæйы бирæтæ æххуыс кæнынц, архайынц социалон проектты æмæ уыцы хорздзинадæн хицауад хъуамæ дзуапп дæтта, загъта Битарты Вячеслав.

Битарты Вячеславы разамындæй проектон офисы æмбырды ныхас цыд хæрзаудæндзинадыл æмæ йæ райрæзты мадзæлттыл. Нæ республикæйы бирæтæ æххуыс кæнынц, архайынц социалон проектты æмæ уыцы хорздзинадæн хицауад хъуамæ дзуапп дæтта, загъта Битарты Вячеслав. Сæ арфæйаг хъуыддаг хъуамæ иннæты дæр разæнгард кæна. Программæ «Культурæ»-йы разамонæг Атайты Мæдинæйы фæндон уыд, йæ чысыл райгуырæн бæстæйы культурон проекттæ бахъахъхъæнынæн кæй бон у æххуыс кæнын, уыцы адæмы фарс рахæцынæн саразын мадзæлттæ. Зæгъæм нæ бæстæйы æрвылаз лæвæрд цæуы преми «Меценат года», хорз уаид, нæ республикæйы æмвæзадыл ахæм адæмы хорзæхджын куы кæниккой, уæд. Битарты Вячеславы хъуыды у канд меценатты нæ, фæлæ социалон æххуыс чи кæны, уыцы адæмы дæр хорзæхджын кæнын. Æмбырды архайджыты хатдзæг у иу – спорты, культурæйы, ахуырады райрæзтмæ æмæ æндæр хъуыддæгтæм йе вæрæн чи хæссы, уыдоны нæмттæ хъуамæ цæрджытæ зоной.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania