филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:14 среда, 20 августа 2025
20 мая 2014, 11:32
Боныхъæд нæ фæзындзæн, цы зæй рацыд, уый уавæрыл. Цæгат Ирыстоны хъæуты цæрджытæн тæссаг нæу. Уый тыххæй радзырдтой респубикæйы гидрометцетры специалисттæ

Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй 3 боны размæ Гуырдзыстоны, Хъазыбеджы хохæй рацыд зæй, æмæ сæхгæдта Дайраны комы фæндаг, стæй бахъыгдæрдта Терчы цыд. Донæн тæссаг уыд раивылынæй.

Боныхъæд нæ фæзындзæн, цы зæй рацыд, уый уавæрыл. Цæгат Ирыстоны хъæуты цæрджытæн тæссаг нæу. Уый тыххæй радзырдтой респубикæйы гидрометцетры специалисттæ
Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй 3 боны размæ Гуырдзыстоны, Хъазыбеджы хохæй рацыд зæй, æмæ сæхгæдта Дайраны комы фæндаг, стæй бахъыгдæрдта Терчы цыд. Донæн тæссаг уыд раивылынæй. Ныртæккæ уавæр зæрдæхсаинаг нæу, зæгъынц синоптиктæ. Республикæйы хæстæгдæр рæстæг æрцæудзæн тæркъæвдатæ, фæлæ уавæрыл æвзæрырдæм нæ фæзындзысты. Гидрометцентры куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй хъарм бонтæ аивтой уазалдæртæй, уыимæ ма республикæйы хицæн районты уардзæн их, стæй кæндзæн тынг дымгæ. Уымæ гæсгæ Терчы дон фæуæлдæр уыдзæн 50-ай сантиметры онг. Фæлæ уыдон тæссаг бæрæггæнæнтыл нымад не сты, зæгъынц синоптиктæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania