филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:57 вторник, 13 мая 2025
09 апреля 2025, 10:36
«Бременаг музыканттæ» – Беслæны 1-æгæм скъолайы сценæйы

Сывæллæты уарзон аргъауы фæлгонцтæ сарæзтой скъоладзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ

«Бременаг музыканттæ» – Беслæны 1-æгæм скъолайы сценæйы. Сывæллæты уарзон аргъауы фæлгонцтæ сарæзтой скъоладзаутæ æмæ сæ ныййарджытæ. Спектакль æвæрæг у ирон академион театры актер, театр «Саби»-йы артист Гагуылаты Сослан. Ахуыргæнæдон сси Уæрæсейы æхсæнад «Знание»-йы конкурсы уæлахиздзау.  Уый тыххæй йын лæвæрд æрцыд 1 милуан сом. Уыцы æхцайæ балхæдтой рухсгæнæнтæ, декорацитæ æмæ актертæн уæлæдарæс.

Æфсымæртæ Гриммы фыст сывæллæтты уарзон аргъау «Бременаг музыканттæ» æвæрд æрцыд Беслæны фыццæгæм скъолайы сценæйы.  Уарзондзинадыл, æнувындзинадыл, хæлардзинадыл, курдиатыл æмæ рæсугъдзинадыл фыст уацмыс. Трубадур æмæ йæ хæлæрттæ театруарзджытæн балæвар кодтой музыкæйы æмæ хъæлдзæгдзинады бæрæгбон. Сæйраг хъайтары роль сарæзта 10-æм къласы ахуырдзау Багаты Зауырбег. Ног фæлтæрддзинад фæцыд лæппуйы зæрдæмæ.

Спектакль æвæрæг у Ирон театры актер, театр «Саби»-йы артист Гагуылаты Сослан. Уый скъоладзаутимæ кусын райдыдта ноябры. Сывæллæттæн амыдта алы фезмæлд дæр – ахсджиаг уыд хъæлдзæг аргъауы хъуыды равдисын. Спектаклы труппæйы уыд  50 адæймаджы: скъоладзаутæ, сæ ныййарджытæ æмæ ахуыргæнджытæ. Сæрмагонд куыст цыд декорацитыл æмæ артистты дарæсыл. Ирд фæлгонцтæ хастой æхсызгондзинад, афтæ зæрдиагæй архайдтой, раст цыма сценæйы фæлтæрдджын актертæ хъазынц, уыйау.

Беслæны фыццæгæм скъола сси Уæрæсейы æхсæнад «Знание»-йы ныййарджыты æхсæнæдты хъæппæристы конкурсы уæлахиздзау. Арæзт æрцыд бæстæйы рухстауынады министрады æххуысæй. Ахуыргæнæндонæн, проекты кæй архайдта, уый тыххæй лæвæрд æрцыд 1 милуан сомы. Уыцы æхцайæ балхæдтой рухсгæнæнтæ, декорацитæ æмæ актертæн уæлæдарæс.

Премьерон равдыст рауад æнтыстджын. Залы къух бакæнæн нæ уыд театрдзаутæй. Скъолайы директор Ганиты Еленæйы ныхæстæм гæсгæ спектакль ахуыргæнæндоны сценæйы æвдыст цæудзæн къуырийы дæргъы – бакæсыны фадат æм уыдзæн Рахизфарсы районы иннæ скъолаты ахуырдзаутæн æмæ сæ ныййарджытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania