филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:01 воскресенье, 14 декабря 2025
26 июня 2014, 17:21
Бруцеллез парахат кæныны фарстайыл, æмæ ацы низы ныхмæ мадзæлттæ аразыныл æрныхас кодтой хъæууон хæдзарады минæвæрттæ

Æмбырды архайдтой Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдты хъæууонхæдзарадон министрадты æмæ ветеринарийы управлениты разамонджытæ æмæ сæ хæдивджытæ. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй стурвосы ‘хсæн абон æппæтæй парахатдæр низ у бруцеллез. Цæгат Ирыстоны фарон ацы низ уыд 19 хъæуы. Ныртæккæ та цыппæрдæсы – Æрыдоны, Кировы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты.

73173
Бруцеллез парахат кæныны фарстайыл, æмæ ацы низы ныхмæ мадзæлттæ аразыныл æрныхас кодтой хъæууон хæдзарады минæвæрттæ. Æмбырды архайдтой Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдты хъæууонхæдзарадон министрадты æмæ ветеринарийы управлениты разамонджытæ æмæ сæ хæдивджытæ. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй стурвосы ‘хсæн абон æппæтæй парахатдæр низ у бруцеллез. Цæгат Ирыстоны фарон ацы низ уыд 19 хъæуы. Ныртæккæ та цыппæрдæсы – Æрыдоны, Кировы, Рахизфарсы æмæ Горæтгæрон районты. Цæгат Ирыстоны ветеринарийы управленийы разамонæг Хъороты Тамерлан куыд фæнысан кодта, афтæмæй уымæн йæ сæйрагдæр аххосаг у, иннæ регионтæй рынчын фос кæй æрбаласынц, уый. Чи сæ фæуæй кæны, уыдонмæ нæ вæййы æмбæлгæ гæххæттытæ. Фарста аиуварс кæныны тыххæй регионты хъæуы иумæ бацархайын. Ныртæккæ Цæгат Кавказы алы субъектты дæр бакуыстой бруцеллезимæ тох кæныны тыххæй сæрмагонд программæйыл. Æмбырды архайджытæ баныхас кодтой иумæйаг гæххæтт бацæттæ кæнын, æмæ йæ арвитын Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрадмæ. Документмæ гæсгæ программæтæ хъуамæ æххæстгонд цæуой федералон æмæ регионалон бюджетты фæрцы. 
Дзанæгаты Мæхæмæт, Цæгат Ирыстоны ветеринарийы управленийы хайады хицау: «Алчидæр йæ куысты тыххæй радзырдта. Скодтой сæрмагонд программæ. Æрвыст æрцæудзæн Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрадмæ. Уым æм æркæсдзысты, бакусдзысты йыл, цæмæй уыцы низ къуынæггонд æрцæуа, уый тыххæй».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania