филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:28 воскресенье, 29 сентября 2024
10 сентября 2014, 11:17
Буроны скъоладзаутæн ныронг сæрмагод автобус нæма ис

Зонындзинæдтæм фæндаг зын кæй у, уый хæххон хъæуты хорз зонынц. Уæлдайдæр та Буроны цæрджытæ. Алы бон дæр сæ сывæллæтты скъоламæ, кæнæ рæвдауæндонмæ арвитгæйæ, тыхсынц, куыд бахæццæ сты, зæгъгæ.

74190
Зонындзинæдтæм фæндаг зын кæй у, уый хæххон хъæуты хорз зонынц. Уæлдайдæр та Буроны цæрджытæ. Алы бон дæр сæ сывæллæтты скъоламæ, кæнæ рæвдауæндонмæ арвитгæйæ, тыхсынц, куыд бахæццæ сты, зæгъгæ. Алагиры администрацийы сын фидарæй зæрдæ бавæрдтой, 1-æм сентябры сын сæрмагод автобус кæй радих кæндзысты, уымæй, фæлæ нырма йæ кой дæр нæма и.
Буронæй Мызуры хсæн 12 километры йеддæмæ нæй. Фæлæ алы райсом дæр 7 сахаты æмæ 40 минутыл Буроны цæрджыты фенæн ис федералон трассæйыл. Уый та уымæн, æмæ маршрутмæ гæсгæ ацы афон ауылты фæцæуы автобус.
Исчи зæгъдзæн, уый хорз куы у. Фæлæ сывæллæтты рæвдауæндонмæ æмæ скъоламæ цæуын хъæуы 9 сахатмæ. Автобусыл сывæллæттæ Мызурмæ бахæццæ вæййынц цалдæр минутмæ. Сахаты бæрц та сæхи цы фæкæной, уый нæ вæййы.
Ахæм уавæр вæййы урокты фæстæ дæр. Сихорыл сæ фæстæмæ æрбацæуынмæ бахъæуы фæстаг урокæй рацæуын, кæнæ та изæры 5 сахатмæ Мызуры баззайын, афтæмæй сывæллон баззайы йæхи бар.
Цæрджытæ сæ хъаст æмæ курдиат цалдæр хатты бахастой Алагиры районы администрацимæ. Фæнды сæ, цæмæй сын сывæллæтты ласынæн радих кæной хицæн автобус.
Раст зæгъгæйæ мæхæн дæр ацы уавæр æнæзонгæ нæу. Июны сæ хъасты фæдыл истам æрмæг. Æмæ нын уæд, Алагиры районы администрацийы радтой дзуапп.
1-æм сентябрь æрхæццæ, фæлæ уавæр нæ аивта. Скъоладзаутæ, раздæрау, скъоламæ цæуынц бирæ раздæр, кæнæ та кæйдæр машинæтыл. Уый та цас æдас у, уый зын зæгъæн у.
Ногæй та дзуапп агурæг, нæ фæндаг акодтам Алагиры администрацимæ. Куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй Буронæн цы автобус хъуамæ радих кодтаиккой, уый ныртæккæ скъоламæ ласы Украинæйæ ралидзæг адæмæй Тæмисчъы санаторийы чи æрцард, уыцы сывæллæтты. Хæстæгдæр рæстæг адæмы раласдзысты Урсдонæй дæр. Æмæ уыдонæн дæр хъæуы фадæттæ агурын. Уыцы сывæллæтты дæр хъæудзæн скъоламæ ласын.
Иу ныхасæй хъуыддаг уайы афтæ, æмæ Буроны скъоладзаутæ раздæрау, скъоламæ цæудзысты сæхи æгъдауæй. Кæнæ маршрутмæ гæсгæ чи цæуы, уыцы автобусыл, кæнæ та фæндагыл чи цæуы, уыцы машинæтыл. Уый та алы хатт æдас нæ вæййы.
Уавæр кæд аивдзæн, уый та бæрæг нæма у.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania