филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:10 воскресенье, 01 февраля 2026
06 ноября 2019, 17:57
Бынæттон хицаудзинады оргæнты ахадгæ куыстыл ныхас цыд Октябрьскæйы, муниципалон скондты сæргълæуджыты Советы æмбырды

Республикæйы разамонæг стыр æргом аздæхта районты сæргълæуджыты æмæ, сæ бæрны цы цæрджытæ ис, уыдонимæ ахастдзинæдтæм

Активондæр æмæ адæммæ хæстæгдæр уæвын. Ахæм амынддзиндтæ Битарты Вячеслав абон скодта районты æмæ хъæуты сæргълæуджытæн. Бынæттон хицаудзинады оргæнты ахадгæ куыстыл ныхас цыд Октябрьскæйы, муниципалон скондты сæргълæуджыты Советы æмбырды. Æмбырды размæ Битарты Вячеслав базонгæ Горæтгæрон районы æрмдæсныты куыстыты равдыстимæ. Уый фæстæ та райдыдта бæстон æмæ ахадгæ ныхас. Бæлвырддæр та – республикæйы разамонæг стыр æргом аздæхта районты сæргълæуджыты æмæ, сæ бæрны цы цæрджытæ ис, уыдонимæ ахастдзинæдтæм. Иуæй-иутимæ дзырдта хицæнæй. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй иумæйаг фиппаинаг æрхæссæн ис се ппæтмæ дæр. Ома бæрнон кусджыты нырыккон цардимæ æмдзу кæнын кæй нæ фæнды, уый. Ныртæккæ алы разамонæджы сæйраг хæс у – кусын ууыл, цæмæй алы хæдзар уа царынхъом. Уымæн та, фыццаджыдæр, хъæуы адæмы куысты бынæттæй ифтонг кæнын. Зæгъæм, ныртæккæ кусы цалдæр программæйы сæрмагондæй хъæууон хæдзарады рæзтæн. Арæх цæрджытæ сæ уавæртæй нæ пайда кæнынц, уымæн æмæ сæ нæ фæзонынц, æмæ уыимæ хъæуы кусын. Фæлæ канд куысты бынæттæ дæттын фаг нæу, загъта Битарты Вячеслав. Хъæуы ма инфраструктурæйыл кусын дæр. Бæлвырддæр та медицинæйы, ахуырады хæрзхъæддзинад хуыздæр кæнын æмæ хæххон хъæуты ирхæфсæн мадзæлттæ аразын, цæмæй горæты уавæртæй ма хицæн кæной. Специалистты ргом та здахын хъæуы, гранттæ дæттыны фæрцы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania