Нырыккон дæмæнтæм гæсгæ цалцæггонд скъолайы сæ ног ахуыры аз райдæдта 256 сывæллоны
Федералон программæмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны арæзт æмæ цалцæггонд æрцыд æмæ цæуы, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм бирæ бæстыхæйттæ. Сæ иуыл цин кæнынц республикæйы кæройнаг хъæу Лескены цæрджытæ. Бындурон цалцæджы фæстæ дзы байгом Хъараты Мæхæмæты номыл скъола.
Фыццагкъласон Сабайты Ибрагим цæргæ бонты йæ зæрдыл дардзæн ацы бон. Фыццаг хатт бахызт йæ хъæуы скъолайы къæсæрæй. Ибрагим тынг цин кæны йæ алфамбылайы рæсугъддзинадыл.
Йе мкъласонтæ бæстыхай барынц галуанимæ. Асеты Иветæ дæр зæрдæхъæлдзæгæй æрбацыд ахуыргæнæндонмæ. Ныр æй райсомæй хæстæгдæр ранмæ цæуын хъæудзæн.
Капиталон цалцæгмæ ам рагæй æнхъæлмæ кастысты. Ныр Лескены скъола, зæгъын æмбæлы у нырыккон ахуырадон уагдон ног кълæстæ æмæ спортивон залимæ. Йæ байгом кæныны кадджын мадзал у куыд, скъолайы историйы ног хай.
Скъолай цалцæгимæ ма сывæллæттыл сæмбæлд иу лæвар – «Точка роста» сæм фæхæстæгдæр. Фæзынди дзы сæрмагонд кабинеттæ «Робототехника», ОБЖ, «Программировани» æмæ «Промдизайн»-æй архайынæн. Бирæ рæстæг дзы нæ уыд хæрæндонæн дæр бынат. Ныр сабитæм хæццæ кæндзæн хъарм хæринаг.
Нырыккон дæмæнтæм гæсгæ цалцæггонд скъолайы сæ ног ахуыры аз райдæдта 256 сывæллоны. Фыццаг къласмæ дзы бацыд 32 скъоладзауы. Ууый бæрц фыццагкъласонтæ рагæй дæр нал уыд Лескены.
Лескены хъæуы цæрджытæ ма цин кæнынц, спортивон цалцæджы фæстæ дзы ног спортивон секцитæ кæй байгом уыдзæн, ууыл.




